15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
14°
(Дождь)
94 %
4 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Битарты Вячеслав Ног азы фæдыл раарфæ кодта Алайнаг гимназы ахуырдзаутæн
27.12.2019
15:41
758

Ног азы размæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта Алайнаг гимназ. Республикæйы разамонæг бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодта фæсивæдæн æмæ ахуырадон уагдоны æппæт кусджытæн.

“Нæ зынаргъ сывæллæттæ, ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ. Абон нæ æрбамбырд кодта Ногбоны бæрæгбон, æнæхъæн афæдз æм æнхъæлмæ кастыстæм. Бузныг уын зæгъын уæ фæллойы тыххæй. Ацы скъола хъæуы, цæмæй не ‘взаг ма рох кæнæм, уыимæ ма уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ дæр зонæм. Ацы сывæллæттæй хъуамæ рауайа, æгъдау чи хынцы, адæмы ‘хсæнмæ йæ чи хæссы, ахæм фæсивæд. Мæ зæрдæ уын зæгъы амонд, фарн æмæ цин”, – загъта Битарты Вячеслав.

Гимназы хъомылгæнинæгтæн бацæттæ кодтой ногбоны программæ Митын Дадайы, Митын Чызджы æмæ æндæр аргъауон архайджыты архайдæй. Сывæллæттæ сæхи равдыстой кафæн æмæ вокалон номырты, аив касты.

Хъоцыты 15-Альбинæ