15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
26°
(Облачно)
29 %
6 м/с
$ — 94.0922 руб.
€ — 100.5316 руб.
Иры “Стыр Ныхас”-ы сидт
12.02.2019
11:55
1 893

Сыхты æмæ мыггæгты уынаффæгæнæг хистæртæм стæй æгас ирон адæммæ.

Уæ хорзæхæй! Хъæубæсты, сыхбæсты æмæ мыггæгты мидæг баныхас кæнæм мæнæ ацы хъуыддæгтыл.

Цины:

-Кæстæртæ сæ цард баиу кæнын куы сфæнд кæной, уæд сын цæлхдуртæ ма аразæм, уæлдай хæрдзтæ ма домæм.

-Минæвæрттæ не‘мбæлы æрвитын сабатæхсæвты æмæ майрæмæхсæвты.

-Минæвæрттимæ фыццаг хатт бацæуын æмбæлы усгур лæппуйæн дæр.

-Минæвæрттæн гæнæн-амалæй дыккаг цыды бæлвырд дзуапп дæттæм.

-Бафидауæн ис минæвæртты дыккаг цыды, кæнæ та уый фæстæ, хицæн бон. Ныууадзæм фидауыны æгъдау чындзхæссыны бонимæ иу кæнын. Уый халы фидауыны мидис æмæ дæлæмæ кæны лæджы ныхасы кад.

-Циндзинадмæ æнæмæнг кæнæм хонгæ. Худинагыл нымад уæд æнæ хонæгæй куывдмæ кæнæ чындзæхсæвмæ æрцæуын.

-Худинаг фæуæд куывды æртæ кæрдзыны æхцæйыл уæй кæнын. Фынгтыл зилæг куатæджын сылгоймæгтæ фыдуынд кæнынц циндзинад, уымæй сайынц адæмы фыдæх. Æртæ кæрдзыны æнæ адæмы æхцайæ йæ бон фынгыл æрæвæрын кæмæн нæу, уый сæ фæлтау йæ хæдзары бинонты ‘хсæн скувæд. Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ гуырæнбоны æхца кæнæ лæвæрттæ раттын кæй зæрды уа, уыдонæн-иу къуымы хицæн бынат саразæм. Кæй фæнда, уый йæ ссардзæн.

-Чызгæрвысты æмæ чындзхасты фидарæй къух сисæм къухылхæцæг æмæ æмдзуарджынæй алы æфсæнттæй æмæ уæлдай митæй æхца домын. Уыдон æвирхъауæй халынц æгъдау. Уый тыххæй чидæртæ ныридæгæн къухылхæцæг æмæ æмдзуарджыны æххуырсын райдыдтой.

-Нæ циндзинæдты домæм æххуырсгæ музыканттæй, цæлынмæ хистæртæ бадой, уæдмæ хъæрæй нæ цæгъдын æмæ нæ зарын. Нæ фыдæлты чындзæхсæвты иунæг фæндыры цагъдмæ хъазт æмæ зард нæ мынæг кодтой, уыдис дзы фылдæр фарн æмæ æгъдау.

-Нæ къух сисæм, Ирон Æгъдау чи халы, ахæм æххуырсгæ цæхджын митыл. Уыдон кæстæртæн амондхæссæг не сты, адæмы æмæ Хуыцауы фыдæх сайынц.

-Чызджы æртæ кæрдзынæй фæндараст кæнæм йæ ныййарджыты хæдзарæй. Ресторанмæ йæ ласæм уый фæстæ.

-Кувæндонмæ карз нозт нæ хæссæм. Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм кувæм бæгæныйæ, нæ фыдæлты кадджындæр нозтæй.

-Фынгыл тамако нæ дымæм, нæ рæмбыныкъæдзтæ не’вæрæм, æнæуаг ныхас нæ кæнæм, дæлейæ уæлæмæ нæ дзурæм, хистæртæн зонд нæ амонæм.

-Фынджы хистæрæн сбадын кæнынæн æндæр сыхæй ма хонæм. Уый сыхбæстæн у худинаг хъуыддаг.

-Кæстæртæ кæмæн ис, уый сæ йæхæдæг ахуыр кæнæд æгъдауыл, æввахс сæ кæнæд сыхбæстæмæ, амонæд сын лæггад кæнын. Æцæг ирон лæг ирон ныййарджытæй чи райгуырд, уый нæу, фæлæ ирон кæстæртæ чи схъомыл кодта, уый.

-Мауал хатæм кæрæдзимæ карз нозтæй. Уый у æгъдаухалæн, лæджы æфхæрæн ми. Алкæмæндæр йæ æгъдау амонæд, цы æмæ цас нуазын хъæуы, уый.

Марды кæндты:

-Æнæмæлгæ дуне нæй. Мæрдджынмæ фæкæсын алчидæр нымайæд йæ хæсыл. Ма хицæн кæнæм бонджынты мæгуыртæй. Мулкджынæн æххуыс иу лæджы зæрдæ æлхæны, мæгуырæн æххуыс та адæмæй æмæ Хуыцауæй арфæйаг у.

-Сыхбæстæ иумæ фидарæй сæ къух сисæнт мардæн мæрдæхсæвæр кæныныл. Уыимæ разы чи нæу, уый йæ кæнæд йæхæдæг, æнæ сыхбæсты æххуысæй.

-Мард ныгæнæн бон райсомæй мæрдджын хæдзары ис гæнæн æртæ кæрдзынæй Хуыцаумæ скувын æмæ бинонты бафæдзæхсын. Уымæй уæлдай, ныгæнæн бонæй райдайгæйæ афæдзы боны онг, марды кæндты фынгыл хистæрты раз æвæрæм æрмæстдæр дыууæ кæрдзыны.

-Алы сыхбæстæ дæр иумæ баныхас кæнæд, куыд кæнынц сæ мард бавæрыны æмæ йæ кæндты æгъдæуттæ, цæмæй дзы бахъуаджы рæстæг ма уа ракæ-бакæтæ. Уыцы æгъдæутты ‘хсæн хъуамæ бынат ма уа уæлдай, цæхджын митæн.

-Чырын сисгæйæ не ‘мбæлы разилбазил æмæ къултæ кæнын.

-Чырын хæсджыты размæ дидинджытæ калын не ‘мбæлы. Дидинджытæ уæлмæрдмæ хæсгæ сты, марды ингæныл æвæрынæн.

-Мæрддзыгой кæй фæстæ цæуой, уый йæ хæдзары фынг не’вæры. Раздæр-иу мардмæ цыдысты дард хъæутæй дæргъвæтин рæстæг бæхтыл æмæ уæрдæттыл, ныр уыцы уавæртæ аивтой.

-Мæрддзыгой кæй фæстæ рацæуой, уый сын хæрнæджы фынгмæ арфæ кæнынмæ нæ цæуы. Уый у æгъдаухалæн уæлдай ми.

-Сыхаджы, æмкусæджы фæдыл мæрддзыгой цæуынц иумæ, тæфæрфæс кæнынц æгъдаумæ гæсгæ. Иугæйттæй цæугæйæ æмæ искæй мæрддзыгоимæ тæфæрфæс кæнгæйæ ныллæгдæр кæнæм, кæй фæдыл рацыдыстæм, уый кад.

-Мардмæ алчидæр цæуæд аив, тар уæлæдарæсы. Спортивон дзаумайы, скъуыдтæ хæлæфты æмæ гом гуыбынтæй чи бацæуы, уыдонæн та уайдзæф кæнынмæ зивæг ма кæнæм, цыфæнды хъыг сын куы уа, уæддæр.

-Мардæн нозт æмæ конд хойрагæй комдзаг нæ кæнæм, цалынмæ хæларгонд æрцæуой, фынгыл та цалынмæ хистæр рухсаджы рæгъ рауадза, уæдмæ. Ингæнкъахджытæн æрвитæм сæрмагондæй конд, кæнæ æлхæд хæринаг.

-Мард æвæрæн бон фыдæбонгæнджытæ иууылдæр хъусынц сыхы (кæрты) уынаффæгæнæгмæ, фæрсынц æй цы æмæ куыд. Уымæй уæлдай уынаффæйы бар никæмæ хауы, нæдæр нæлгоймагæй, нæдæр сылгоймагæй.

-Мард æвæрæн бон ныууадзæм зианджынты æмæ кæрæдзи къухтæ исын, стæй хъæбыстæ кæныны æцæгæлон æгъдау. Зонæм нæхиуыл хæцын æмæ æххæст кæнæм ирон æфсармы домæнтæ.

-Зианджын, кæнæ сыхы уынаффæгæнæг фынджы хистæрæн сбадын кæмæн бар кæна, уый йæ йæхицæн нымайæд кадыл, æмæ уыцы хæсæй йæхи иуварс ма сайæд. Цы нæ зона, уымæй бафæрсын худинаг нæу.

-Хæрнæджы æмæ марды иннæ кæндты фынгыл ма бадын кæнæм, бинонтæ кæмæн нæма ис, ахæм æрыгон лæппуты æмæ чызджыты. Уыцы æгъдау сын хъуамæ æмбæрстгонд уа хæдзары хистæртæй.

-Зианы фынгыл нæ кæнæм бирæ рæгъытæ, нæ дæттæм нуазæнтæ, нæ курæм ныхасы бар, нæ бадæм сахатæй фылдæр.

-Хæрнæджы фынгыл не ‘вæрæм бирæ алыхуызон хæринæгтæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ цы ‘мбæлы, уыдонæй фæстæмæ. Уыцы фынг хæрын æмæ нуазынæн нæу, кæй номыл у, уый кæд сæдæ азы фæцард, уæддæр. Худинаг фæуæд, йæхи хорз бафсадынмæ чи æрбады, уыдонæн.

-Сылгоймæгты фынгыл не ‘вæрæм водкæ æмæ æндæр карз нозтытæ. Уыдон худинаг кæнынц канд нуазджытæн сæхи нæ, фæлæ, семæ чи бады, уыцы сылгоймæгты дæр, стæй сыхбæстæ æмæ фыдæбонгæнджыты.

-Сабæттаг дæттæм иу хатт — æрмæстдæр зиан æвæрæн бон, кæмæн цас йæ бон у, уый бæрц. Йæ къух кæмæн нæ амоны, йæхæдæг фæкæсинаг чи у (мæгуыр пенсиисджытæ, буарæфхæрд æмæ æгуыст адæм), уыдонæн сæ къахвæллой æмæ зæрдиаг тæфæрфæс банымайæм фаг æххуысыл зианджынтæн.

-Сабатизæртæм лæгтæн цæуын не ‘мбæлы. Уадзæм сæ сылгоймæгты бар.

-Ингæнкъахджытæн æмæ фыдæбонгæнджытæн лæвæрттæ нæ кæнæм.

-Марды кæндты сæр æмæ бæрзæй нæ уадзæм дыккаг бонмæ. Цы сын гæнгæ у, уый хистæртæ сæхæдæг зонынц. Афæдзы боны фæстæ та сæр æмæ бæрзæймæ хонын, бинонтæн æлгъысты хуызы кæй у, уый алчидæр зæрдыл дарæд.

-Афæдзы бон фынгæй сыстгæйæ, кæрты (уынджы) фысымтæ æмæ æрцæуæг адæм кæрæдзийæн арфæ нал кæнынц. Фынгыл бæркады рæгъæй марды кæндтæ æмæ æгъдæуттæ ахицæн вæййынц.

-Афæдзы бон бадты кæрон хистæр Хуыцаумæ æртæ кæрдзынæй куы скувы, уæд уым дæлæмæ сидт уадзын не ‘мбæлы. Иуыл хуыздæр уаид, уыцы æгъдау æртæ хистæры, фынгæй сыстгæйæиу, хæдзарæн йæхи мидæг куы бакæниккой, уæд.

15-Й РЕГИОН