15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
20°
(Дождь)
77 %
1.45 м/с
Сидзæр сывæллæтты хæдзар-скъола «Виктория»-йы арæзт æрцыд йæ рауагъдонты фембæлд
22.05.2013
15:39

Се ‘рыгон хæлæртты бабæрæг кодтой йæ раздæры хъомылгæнинæгтæ. Ахæм фембæлдтытæ сывæллæтты хæдзары арæзт æрцæуынц æрвылаз дæр. Ныридæгæн «Виктория»-йы рауагъдонты 9 фæлтæры цæрынц æнæ сæ хъомылгæнджыты æххуысæй. Уыдон радзырдтой сæ дарддæры царды тыххæй, кæм ахуыр кæнынц, кæм кусынц. Бинонтæ кæмæн ис, уыдон фембæлдмæ æрбацыдысты сæ сывæллæттимæ.

Алена Чеботар, сидзæр сывæллæтты хæдзар-скъола «Виктория»-йы рауагъдон: «Æз ацыдтæн ардыгæй 2009-æм азы. Куы æрбацæуын, уæд тынг хъæлдзæг вæййы. Тынг мæ фæнды фенын фæсивæд, чи ацыд ардыгæй. Ахуыр кæнын паддзахадон университеты, журналистикæйы факультеты. Фæнды мæ, цæмæй арæхдæр æмбырд кæнæм, дзурæм кæрæдзиимæ, чи куыд у, куыд цæры, кæм вæййы».ГТРК «Алания»