15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
(Облачно)
65 %
3 м/с
$ — 92.2628 руб.
€ — 99.7057 руб.
“Иры Стыр Ныхас”-ы Координацион советы сæрдар Кучиты Руслан раарфæ кодта сылгоймæгтæн æппæтдунеон сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл
08.03.2018
12:17

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ!

Уæ рæсугъд бæрæгбоны фæдыл айсут мæ зæрдиаг арфæтæ!

Куыд уалдзæг æрдзæн, афтæ стут царддæттæг, удтæ рухс кæнут уæ хъармæй. Уе ‘гъдау, уæ фарн, уæ быхсондзинад æмæ аудыны фæрцы мах цавæрфæнды зындзитнæдты сæрты дæр ахизæм, нæ къухы бафтынц царды уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ.

Сымах ирон сылгоймаджы ном бæрзонд хæсгæйæ æфтаут Ирыстоны кадыл кад, дæттут нын ныфс! Мах, нæлгоймæгты, дисыл æфтауы, царды æппæт хъуыддæгты дæр уæхи куыд ирдæй æвдисут уый, æмæ уæ стæм сæрбæрзонд! Бузныг уæ фæллойæ, уæ лæггадæй. Зæрдиаг арфæ уын кæнæм, уæ уды фарнæй дуне фæлмæндæр æмæ аивдæр кæй кæнут, уый тыххæй.

Нæ иумæйаг бæллиц у ирон сылгоймаджы кадджын, фæрнджын цы миниуджытæ кæнынц, уыцы æууæлтæй нæ кæстæртæ хайджын куыд уой. Фыдæлты фарн, æфсарм, æгъдау, мадæлон æвзаг сын уарзон æмæ табуйаг куыд уой. Сылгоймаджы кары бацæугæйæ, кувинаг æртæ уæливыхы скæнынæн иу арынджы фарсмæ æдæрсгæ куыд æрлæууой.

Иунæг Кадджын Хуыцау æмæ Мады-Майрæмы фæдзæхст ут уе 'ппæт дæр! Æнусон уæд Ирон сылгоймаджы Кад æмæ Намыс!

 

 

15-Й РЕГИОН