15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
17°
(Облачно)
32 %
5 м/с
$ — 92.2628 руб.
€ — 99.7057 руб.
Уæйгуыты уæхсчытыл лæугæйæ…
15.05.2019
10:07
2 443
Уæйгуыты уæхсчытыл лæугæйæ…

1969 азы, тæргæйтты мæйы, 50 азы размæ дзæуджыхъæуккаг футболон клуб «Спартак» райдыдта йæ цымыдиссаг фæндаг!

Зазроты Андрейы хъомылгæнинæгтæн бантысти диссаджы стыр хабар! – Фыццаг хатт дзæуджыхъæккаг футболон клуб схызтис æппæты тыхджындæр советон клубты дивизионмæ.

Уыцы аз бирæ тыхджын къордтæ йæ райдианæй аззадысты фæсте, æмæ фыццаг хайы кæронæй фæстæмæ фыццаг бынатыл тох кодтой «Спартак» æмæ Бетъырбухы «Динамо». Сæ дыууæ кæрæдзийы ивтой уæллаг къæпхæны, фæлæ ерысты кæронмæ хæстæг дзæджыхъæуккæгтæн бантыстис уазæгуаты рамбулын «Динамо»-йы, æмæ рахизын кæронбæттæн хъæзтытæм.

Кæронбæттæн цыдис Сочийы, æмæ фыццаг хъазты дзæджыхъæуккæгтыл фæуæлахиз сты Хабаровскæй минæвæрттæ, фæлæ сæ дыккаг хъазты æнцонæй фæуæлахиз сты «Днепр»-ыл. Æртыккаг, æмæ сеппæты вазыгджындæр хъазт цын уыд «Жальгирис»-имæ, æмæ уыдоны фидар дæр саст æрцыдис.

Уыйадыл кæронбæттæны «Спартак» рацыдис уæлахиздзауæй, æмæ Советтон Цæдисы тыхджындæр къордты хсæн æрбынат кодта дзæуджыхъæккаг футболон къорд.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй размæ иунæг автономон республикæйы къордæн дæр йæ къухты нæ бафтыд ахæм бæрзонд æнтыстдзинад, æмæ «Спартак» -мæ хæдзары æнхъæлмæ кастысты раст хæстон хъæбатыры æрбаздæхтмæ куыд фæлæууынц, афтæ.

Кæддæр цытдджын æмæ хъуыстгонд ахуыргонд Исаак Ньютон йе’мбал Роберт Гукмæ фыста: Кæд æз иннæтæй дарддæр уыдтон, уæддæр уый тыххæй æмæ уæйгуыты уæхсчытыл лæууыдтæн. Зынгонд ахуыргонд лæг вæццæгæн уый тыххæй афтæ дзырдта, æмæ йæ куыстытæ афтид бынатыл нæ райгуырдысты, фæлæ йæ размæ цы ахуыргонд лæгтæ архайдтой, уыдоны куыстытæ йын стыр æххуыс кæй фесты, уый тыххæй. Раст афтæ уыдис нæ футболон клубы дæр. – 90-æм азты цыдæриддæр бантыстис «Спартак»-æн, уыдон афицид бынатыл нæ равзæрыдысты, стæй афтид æхцайы фæрæзты тыххæй дæр нæ бaнтыстис уыцы хабар. Ирон футболы хъазджытæ нæ уыдаиккой Уæрæсейы сæ хуыздæртыл нымад, куы нæ нæм уыдаит ахæм хъазджытæ, куыд Плиты Альберт, Зазроты Игорь, Владимир Подлужный, Гарегин Будагян, Хуыдиаты Николай, Абайты Юрий, Владимир Олейник, Нодар Папелашвили йæ хъуыстгонд ахуыргæнинæгтимæ, æмæ ма бирæ æндæртæ.

Рохуаты баззайдзысты уыцы æнтыстдзинæдтæ, æви дзы исты спайда кæндзыстæм ног рæстæджы, кæнгæ у нырыккон футболыуарзджыты фæлтæрæй. Уыдон хъуамæ бахæццæ кæной рæзгæ фæсивæдæн нæ футболон клубæн ивгъуыд азты цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон, цæмæй ма рох кæной сæ раздзæуинты, æмæ тырной ног, уымæй стырдæр æнтыстдзинæдтæм!

Кучиты Алыксандр