Æххуысы клиникон рынчындоны бындурон цалцæджы фæстæ байгом дыккаг хирургон хайад
Ног хайад бабæрæг кодтой республикæйы парламенты сæрдар Хабыцты Ларисæ, æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Æппæт куыстытæй баззадысты разыйæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы хайад республикæйы иннæ дзæбæхгæнæндæттимæ абаргæйæ хуыздæр цалцæггонд æрцыд. Нысан ма кæнынц æппæт комплекс сцалцæг кæнын, стæй йæм нырыккондæр медицинон кусæнгæрзтæ баласын.ГТРК «Алания»