15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
24°
(Облачно)
33 %
3 м/с
$ — 94.0922 руб.
€ — 100.5316 руб.
Æрыдоны районы газет «Рухс”-ы ахсджиаг у адæмы курдиæттæ æххæст кæнын
15.11.2010
15:00

Нырыккон царды æнæмæнгæй хъæугæ сты дзыллон информацион фæрæзтæ. Сæ куыст у ахадгæ. Газеттæ, журналтæ æмæ телеуынынадæй адæм афоныл базонынц ног хабæрттæ. Æрыдоны районы газет «Рухс"-ы фыццаг номыр мыхуыры рацыд 1939-æм азы. Уæдæй нырмæ йæ сæргонд иу æмæ дыууæ хатты ивд не рцыд. Адæм æй зыдтой «Ленинон"-æй стæй «Путь к коммунизму"-йæ. Рæстæг куыд цыд, афтæ ивта газеты мидис дæр. Фæлæ йæ сæйраг хъуыды кæдфæнды дæр уыд, районы цæрджыты риссагдæр фарстатæ æмæ æнтыстдзинæдтыл дзурын.
Газеты сфæлдыстадон къорд цымыдисаг æрмæджытæ бацæттæ кæны алы кары фæлтæртæн дæр. Фæзынд сæм бирæ ног рубрикæтæ. Сæйраг редакторы хæдивæг Боситы Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй сын ахсджиаг у хæсты ветерантæ æмæ ацæргæ адæмы курдиæттæ æххæст кæнын.
Боситы Ирбег йæхæдæг у фыдыбæстæйы стыр хæсты æмæ фæллойы ветеран. Кæд ыл азтæ сæ уæз аруагътой, уæддæр æхсызгонæй кæны æхсæнадон куыст. У мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл тохгæнæг,ис æм æртæ мин æмдзæвгæйæ фылдæр. Йæ ргом здахы уырыссаг æмæ ирон адæмон зарджытæм. Ирбег йæ зæрдиаг фæллойы тыххæй хорзæхгонд æрцыд «Намысы майдан"-æй, у Æрыдоны районы кадджын цæрæг, хуымæтæджы йæ нæ бахастой районы кады чиныгмæ.
ГТРК «Алания»