15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
16°
(Облачно)
67 %
1 м/с
$ — 92.5058 руб.
€ — 98.9118 руб.
Абон республикæйы бæрæг кæнынц ирон æвзаджы бон
15.05.2012
12:30

Абон республикæйы бæрæг кæнынц ирон æвзаджы бон. Уый фæдыл Кировы районы ацыд бæрæгбон «Дæ мæсыг самай». Йæ саразыныл бацархайдтой æхсæнадон æмæ æддагон бастдзинæдты министрад æмæ Кировы районы разамынд.

Ирон æвзаджы бæрæгбон байгом кодтой Кировы районы музыкалон скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Адæмон инструментты оркестр ацагъдта ирон мелодитæ. Архайдтой ма дзы Дзæуджыхъæуы æмæ Рахизфарсы минæвæрттæ дæр.

Ацы бæрæгбон æрыгон у. Бæрæг æй кæнынц 2003-æм азæй. Фæлæ йын ис стыр ахадындзинад. Ам чи æрæмбырд, уыдон архайынц се «вæрæн бахæссын мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддагмæ.

Рахизфарсы районæй бæрæгбоны архайдта Ног Бæтæхъойы скъола. Бацæттæ кодтой музыкалон композици Мамсыраты Таймуразы чиныг «Дæ мæсыг самай”-мæ гæсгæ.

Уататы Верæ, Ног Бæтæхъойы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг: «Уыцы чиныг мах рагæй зонæм. Алы аз дæр æй рауагъдонтæн балæвар кæнæм. Се ппæт дæр æй зонынц, æмæ сын уымæ гæсгæ уыд тынг цымыдисаг. Ныртæккæ фæсивæд уырыссаг æвзагмæ тынгдæр аздæхтой се ргом. Фæнды мæ, цæмæ нæхи ирон мадæлон æвзаг рох ма уа, æмæ иуылдæр дзурæм».

Бæрæгбон баиу кодта алы фæлтæрты адæмы. Се ппæт дæр дзырдтой мадæлон æвзаджы хъысмæтыл, фыдæлтæй нын цы хъæздыг бынтæ баззад, уыдон ма фесафыныл.

Кæронбæттæны республикæйы ирон æвзаджы хуыздæр ахуыргæнджытæн радтой æхсæнадон æмæ æддагон бастдзинæдты министрады кады гæххæттытæ.ГТРК «Алания»