15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
15°
(Облачно)
59 %
1 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Абон ведомствоты æддейы хъахъхъæнджыты службæйыл æххæст кæны 58 азы
29.10.2010
16:32

Æрвылбон йæ уæнгтæ рад хæссынц æмæ хъахъхъæнынц адæмы сыбыр æмæ æдас цард. Хъахъæнынады ацы къабазы кусджытæ бахъуаджы сахат æппæтæй тагъддæр, цалдæр минутмæ, фæзынынц объекттæм.
Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ведомствоты æддæйы хъахъхъæнджыты полчы службæ кæнынц 770 адæймаджы: мобилон экипажтæ, афицертæ, банктæ, тæрхондæттæ, прокуратурæ, гидроэлектростанцæтæ æмæ æндæр ахсджиаг объекттæ хъахъхъæнджытæ.
Мидхъуддæгты министрады дæлхайæдтимæ иумæ тох кæнынц фыдгæнджытимæ.ГТРК «Алания»