15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
(Ясно)
70 %
2 м/с
$ — 92.2628 руб.
€ — 99.7057 руб.
Ирон æвзаджы фидæн – рæзгæ фæлтæры къухы
28.12.2021
16:11
3 046
Ирон æвзаджы фидæн – рæзгæ фæлтæры къухы

Бирæ азты дæргъы хъусæм, ирон æвзаджы фæндаг сæфтмæ кæй цæуы, уый. Кæй зæрдæ нæ фæриссы ахæм ныхæстæй? Фыццаджыдæр нæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл дзуаппдæттæг мах стæм, йæ фидæн та ис нæ рæзгæ фæлтæры къухы. Абон нæ сæйраг хæс у, фæсивæды ‘ргом йæ бахахъхъæнынмæ раздахын æмæ сын аив ирон ныхас бауарзын кæнын. Ууыл архайынц Алайнаг гимназы.

«Ирон æвзаг скъолаты ахуыр кæныны фарст рагон у, абоны бон дæр йæ тыхы ис. Алайнаг гимназ йæ куыст цы проекты фæлгæты æххæст кæны, уый тынг ахъаззаг у. Трансляци кæнын æй хъæуы республикæйы алы районы. Мониторингтæ арæх уыдысты. Куыд равдыстой, афтæмæй, сывæллон райдиан скъолайы цалдæр предметы ирон æвзагыл кæй ахуыр кæны, уый хæрзхъæд ахуырад райсыны хъуыддаджы ницæмæй хъыгдары, кæмдæр та ахъаз у ахуыры хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн. Алайнаг гимназы проект хуыйны «Полилингвалон ахуырад», æххæстæй проекты хуызы йæ тыхы бацыд 2017-2018 ахуыры азы», – загъта фехъусын кодта республикæйы ахуырад æмæ зонады министр Алибекты Эллæ.

Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй проект ахъаз у нæ ахуыргæнæндæтты ирон æвзаг хæрзхъæд æмвæзадыл амонынæн.

«Йæ райрæзтыл ын архайынвæнд кодтам, ныртæккæ фембæлдыстæм эксперттимæ, ахуыргæндтимæ, полилингвалон ахуырады кусджытимæ æмæ рабæрæг кодтам дарддæры фæндаг. Фæлæ иумæйагæй ирон æвзаг ахуыр кæныныл дзургæйæ, фæбæрæг кæнын хъæуы ноджы иу ахсджиаг фарст – ахуыргæнæн чингуытæ – азæй азмæ зындæр кæнынц. Ацы хъуыддагыл нырма ныхас кæндзыстæм экспертон æхсæнадимæ – ахуыргæнæн чингуытæ бынтон хуымæтæг кæнæн дæр нæй. Фарст ахсджиаг у, йæ алыг кæныныл архайы национ ахуырады комитет, Сергей Меняйло та бахæс кодта программæ фæхуыздæр кæнын. Ууыл архайдзыстæм», – загъта Алибекты Эллæ.

Министр куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ фаг ис. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæ сæйраг хæс у скъоладзауты *ргом сæ мадæлон æвзагмæ раздахын.

«Сæйрагдæр у, цæмæй ахуыргæнджытæ сывæллæтты ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ разæнгард кæной. Программæтæ хъуамæ уой алывæрсыг, æмæ дзы ирон æвзаджы уроктæй уæлдай, хъуамæ уа алыхуызон мадзæлттæ. Амынд куыст æххæстгонд цæудзæн ахуырад æмæ зонады министрады архайдæй», – хатдзæг скодта министр.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, Алайнаг гимназ у ирон æвзаг бындуронæй кæм ахуыр кæнынц, ахæм ахуыргæнæндон. Уый арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны раздæры разамонæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй æмæ йæ фыццаг ахуырдзауты суазæг кодта 2017 –æм азы. Ахуырдзаутæн дзы ис литературон, музыкалон, хореографион, театралон, шахмæтты æмæ æндæр студиты архайыны фадат.

Хъоцыты Альбинæ