15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
25°
(Облачно)
38 %
4 м/с
$ — 94.0922 руб.
€ — 100.5316 руб.
Ахуыргæнæджы дæсныйад чи равзары, уыдон вæййынц кады агкаг
03.03.2011
14:58

Ахуыргæнæджы дæсныйадæн кæддæриддæр кодтой бæрзонд аргъ, уымæн æмæ ахуыргæнæгæй аразгæ у фæлтæрæй фæлтæрмæ цы зонындзинæдтæ хæссæын хъæуы кæстæрты зондахастмæ, уый. Уыцы дæсныйад чи равзары, уыдон та кады агкаг вæййынц.
Кертанты Тазреты чызг Людмилæ бирæ азты йæ уды хъармæй тавы райдиан кълæсты ахуырдзауты. Ахуыргæнæджы дæсныйад райсын алкæйы бон дæр у, фæлæ удыхъæдæй æцæг ахуыргæнæг уæвын та æнцон нæу. Людмилæ уыцы сусæгдзинæдта йæхи ахуыргæнджытæй базыдта.
Кертанты Людмилæ, райдиан кълæсты ахуыргæнæг: «Мæнæн тынг дзæбæх ахуыргæнджытæ уыд. Куы сæм иу хъуыстон, уæд сæм хæлæгæй мардтæн, тынг мæ фæндыд, уыдоны бынаты æрлæууын æмæ искуы ахæм фæлмæн ныхасæй сдзур сывæллæттæм. Бæгуы дæр, уыдонмæ кæсгæй равзæрстон ацы дæсныйад».
Цал æмæ цал сты Людмилæ абетæ кæмæн бацамыдта уыцы фæлтæртæ. Фæлæ цымæ йæ равзæрст дæсныйадыл фæсмон искуы фæкодта?
Кертанты Людмилæ – райдиан кълæсты ахуыргæнæг: «Диссаг уый у, æмæ куыд фылдæр рæстæг кусын, афтæ ахуыргæнæджы дæсныйад, мæ зæрдæмæ тынг дæр цæуы. Кусдзынæн, цалынмæ мæм хъару уа уалынмæ».
Ныртæккæ Кертанты Людмилæмæ ис фыццаг къласонтæ, æмæ та ногæй, кæддæр йæхи æртæ сывæллоны куыд хъомыл кодта, афтæ адонæн дæр фæлмæн ныхасæй фидар кæны сæ миддуне, сæ зондахаст. Тыхсы сын сæ æрвылбоны цардыл. Се нтыстдзинæдтыл та сын цин кæны.
Кертанты Людмилæ, райдиан кълæсты ахуыргæнæг: «Æхцон мын у сывæллæттæ скъолай дыууæ хатты кæй хæрынц, уый. Уыцы хорз хъуыддаг арæзт æрцыд администрацийы ххуысæй».
Хи ныййарæгау, Людмилæ йæ хъомылгæнинæгтæн сæ алы къахдзæфмæ дæр йæ цæст дары, уæдæ сын сæ зæрдæхудты бацæуын дæр никæйы бауаддзæн. Йæхи хоны амонджын, æрвылбон сывæллæттæн «Уæ райсом хорз» зæгъын йæ бон кæй у, уымæй.ГТРК «Алания»