15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
14°
(Облачно)
94 %
1 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Архиепископ Зосимæйы Куадзæны арфæйы æрвыстæг Ирыстоны аргъуаны лæггадгæнджытæ, моладзантæ æмæ æппæт чырыстæттæм
11.04.2015
18:46

Чырыстийы фӕрцы уарзон фӕрныг сауджынтӕ, диакъонтӕ, моладзантӕ, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ! Зæрдæбын арфæ уын кæнын Куадзӕны рухс бӕрӕгбоны фæдыл.

Чырыстийы райгасы тыххӕй нӕ Аргъуаны амынд Ирвӕзынгӕнӕг Йесойӕн Йӕхи ныхӕстыл æнцайы, «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг» (Ин. 11:25), зæгъгæ. Чырысти ма ноджы Йӕхицӕй зӕгъы, кӕй у царды равзӕрӕн, «уымӕн ӕмӕ, Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг» (Ин. 5:26). Тӕригъӕдджын дзыллӕйы цы мӕлӕт ссӕнды, уый ницы бар дары Хуыцауы Фыртмӕ. Ӕмӕ кӕд Чырысти, зӕххон царды ӕгъдау ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йӕ адӕймаджы ӕрдзыхъӕдимӕ мӕлӕты дуӕрттыл бахызт, уӕддӕр Йӕ бауромын мӕлӕты бон нӕу. Мӕлӕты хъомыс ӕххӕссы ӕрмӕст, «хӕйрӕджы уацары чи ис» (1 Ин. 5:19), уыцы дунемӕ, Чырыстийы раз та разыны бынтон ӕдых — Чырысти Йӕхӕдӕг райгас ӕмӕ, куыд ног царды Сӕргълӕууӕг, афтӕ ӕгас кӕны иннӕты дӕр (кӕс Ап. хъ. 3:15).

Чырыстийы райгасы сусӕггад, кӕд ӕмӕ ӕххӕстӕй сбӕлвырд ис Куадзӕны ӕхсӕв, уӕддӕр ӕргом кӕнын райдыта суанг Дзуарыл. Чырысти дзуарылтыгъд ӕмӕ мӕлӕт кӕй бавзӕрста, мӕрдты бӕстӕм Æй ныххизын кӕй бахъуыдис, Йӕ уыцы хъизӕмӕрттӕ Йӕ систой райгасы кады бӕрзӕндмӕ. Ӕмӕ ацы кад у Адӕймагсуӕвӕг Хуыцауы ирвӕзынгӕнӕн сгуыхты фӕстиуӕг. Ацы кады кой кӕны Йӕхӕдӕг Чырысти Йӕ хъизӕмӕртты размӕ, Сусӕг аходӕны рӕстӕджы: «Ныр скадджын ис Адӕймаджы Фырт ӕмӕ Хуыцау дӕр скадджын ис Йемӕ. Кӕд Хуыцау Йӕ фӕрцы скадджын ис, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр скадджын кӕндзӕнис» (Ин. 13:31-32). Кадмӕ фӕндаг уыди хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мӕлӕтыл.

Тӕригъӕдджын дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, Хуыцауы Фырт «Йӕхӕдӕг Йӕхи ӕрныллӕг кодта, райста цагъары хуыз, сси адӕймаджы халдих, ӕмӕ бакастӕй дӕр адӕймаджы хуызӕн; ӕрныллӕг кодта Йӕхи — коммӕгӕс уыди, суанг мӕлӕтыл дӕр сразы ис, мӕлгӕ та дзуарыл акодта» (Флп. 2:7-8). Фыд Хуыцауӕн уисӕн кӕнынӕй Чырысти дзыллӕты ирвӕзын кӕны, хивӕнд Адамы аххосӕй кӕй цагъартӕ систы, уыцы тӕригъӕды бархъомысӕй. Уымӕ гӕсгӕ «Йӕ Хуыцау афтӕ сбӕрзонд кодта, ӕмӕ Йын радта ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном, цӕмӕй Йесойы номы раз сӕ зонгуытыл ӕрлӕууой, уӕларвы, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чи ис, уыдон иууылдӕр» (Флп. 2:9-10).

Адӕймагсуӕвӕг уӕларвон Уац райсы, Фыд Хуыцау Ын «дуне сфӕлдисыны размӕ»(Ин. 17:5) цы кад радта, уый, ӕмӕ дзы схайджын кӕны адӕймаджы ногсфӕлдыст ӕрдзыхъӕд, нырӕй фӕстӕмӕ Фыды рахизварс бадыны аккаг чи сси — «ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕ ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕ ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном» (Еф. 1:20-21). Чырыстийы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцау (кӕс Еф.1:20), «ӕппӕт дӕр фӕкодта Чырыстийы къӕхты бын, сӕвӕрдта Йӕ ӕппӕтӕй уӕлдӕр» (Еф. 1:22). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъы райгасуӕвӕг Чырысти дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, «арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ» Мӕнмӕ лӕвӕрд сты, зӕгъгӕ (Мф. 28:18).

Йӕ Райгасӕй Йӕхӕдӕг Йӕ мӕлӕтыл кӕй фӕуӕлахиз ис, уымӕй Йесо Чырысти мӕлӕтӕй фервӕзын кодта ӕппӕт дзыллӕты. Голгофӕ ӕмӕ сыгъдӕг Иосиф Аримафейаджы дыргъдоны ӕрцӕуӕг цаутӕ цӕхгӕр ӕмӕ бындуронӕй фӕивтой дунеуӕвынад. Галилейаг Ахуыргӕнӕг, «мӕрдтӕй фыццаг растӕг» (Кол. 1:18), а зӕхмӕ Хуыцауы Паддзахад ӕрхаста ӕмӕ йӕ дӕтты,сӕрибарӕй Чырыстийы чи айста ӕмӕ Дзы йӕхицӕн Фӕндаг, Ӕцӕгдзинад ӕмӕ Цард чи ссардта, уыдонӕн.

Хуыцауы Фырты а зӕхмӕ адӕймаджы хуызы фӕзынд ӕмӕ Йӕ Райгас сӕрӕвӕрӕн систы, цӕмӕй бындуронӕй фӕивтаид канд адӕймаг нӕ, фӕлӕ ӕгас сфӕлдыст дуне дӕр. Чырыстийы райгасы фӕрцы раргом ис Хуыцауы Паддзахады ӕгӕрон нысаниуӕг, уырдӕм адӕймаджы ӕмрӕнхъ хуындӕуы арв — монон дуне дӕр, ӕмӕ зӕхх — ӕрдзон дуне дӕр. Хуынд цӕуынц, цӕмӕй суой ног арв ӕмӕ ног зӕхх (кӕс Æрг. 21:1), цӕмӕй Хуыцау суа «алкӕмӕндӕр ӕмӕ алцӕмӕндӕр Иунӕг Хицау» (кӕс 1 Кор. 15:28).

Мӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, зӕрдӕбын арфӕ уын кӕнын Йесо Чырыстийы Райгасы стыр бӕрӕгбоны фӕдыл. Уадз ӕмӕ бӕрӕгбоны фарнӕй нӕ хӕдзӕрттӕ, нӕ удтӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ хайджын уой; Хуыцау зӕгъӕд, цӕмӕй нӕ Хицауы ирвӕзынгӕнӕг фӕдзӕхстыты фӕндагыл фидарӕй цӕуынхъом уӕм ӕмӕ нын мӕрдтӕй растӕг Чырыстиимӕ хӕстӕгдзинад ӕххуыс уа зӕрдӕсайӕнтӕ ӕмӕ царды фӕлварӕнтыл уӕлахизы, зондджын, быхсаг ӕмӕ хорззӕрдӕ уӕвыны хъуыддаджы.

Мӕрдтӕй растӕг Чырысти уӕд не ‘ппӕтимӕ дӕр Сыгъдӕг Уды фарнӕй. Аммен.

15-Й РЕГИОН