15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
14°
(Облачно)
36 %
3 м/с
$ — 92.5919 руб.
€ — 100.2704 руб.
Ирыстоны цæрджытæ Хетæджы Уастырджийы бон иу бон цæуылнæ бæрæг кæнынц?
06.07.2022
18:55
4 055
Ирыстоны цæрджытæ Хетæджы Уастырджийы бон иу бон цæуылнæ бæрæг кæнынц?

Чысыл Ирыстоны ныр уал азы дæргъы фенæн ис ахæм уавæр – республикæйы ахсджиагдæр æмæ нымаддæр национ бæрæгбæттæй иу адæм уыцы иу бон нæ бæрæг кæнынц. Чидæр æй бæрæг кæны июлы фыццаг хуыцаубоны, чидæр та – дыккаджы. Чи у раст? Стæй ахæм уавæр цæмæн сæвзæрд? Ацы фарст раиртасыны тыххæй «15-æм Регион»-ы уацхæссæг баздæхт дзырддзæугæ хистæрмæ, æхсæнадон организаци «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион советы уæнг Кучиты Русланмæ.

«Бæрæгбоны нымад адæм хæццæ кæнын райдыдтой, бæрæгбæттæ нымайын чи зыдта, уыцы хистæртæ се’цæг дунемæ куы ацыдысты, уæд. Уыимæ бæрæгбæттæ дины кæнæ паддзахадон къалиндары бонтыл бабæттыныл чи архайы, уыдон дæр рæдийынц. Сæ нымад алыхуызон у. Нæ фыдæлтæм къæлиндартæ нæ уыд, уæдæ динты бæрæгбæттæ дæр Ирыстоны æрфидар сты фæстаг дыууæ æнусы. Уымæй размæ нæ фыдæлтæм уыдис сæхи нымад адæмон бæрæгбæттæн. Уый баст уыдис Хур æмæ Мæйы цыдимæ, стæй афæдзы куыстыты афонтимæ. Иу бæрæгбонæй иннæмæ рæстæг нымадтой къуыригай. Къуырийы мидæг дæр алы бæрæгбонæн уыдис йæхи бон. Ацы нымад рохуаты аззад, æмæ бæрæгбæтты номхыгъд чи аразы, уыдонæн æй сæ фылдæр бæттынц ныры къалиндар æмæ дины бæрæгбæттыл. Æз æй куыд зонын, афтæмæй Хетæджы Уастырджийы бон ныры рæстæджы æрцæуы Уациллайы бæрæгбонæй дыууæ къуырийы фæстæдæр, Хуыцаубонмæ. Уыцы бон ма кæнынц иннæ кæмтты æндæр бæрæгбæттæ дæр.

Раздæр ацы бæрæгбон Хетæджы Къохы фылдæр бæрæг кодтой æрмæстдæр йæ алфамбылай сыхаг хъæутæ. 1990-æм азты райдианæй – Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон сси æппæтадæмон, не’ппæты иугæнæг. Æрцæуынц æм æгас Ирыстоны адæм, суанг Хуссар Ирыстонæй дæр. Бæлвырд у, бæрæгбон хъуамæ уа нысангонд сæрмагонд Хуыцаубонмæ, фæлæ хъыгагæн афтæ нæ рауайы. Ирыстоны адæмæй иутæ фæзæгъынц: æз мæ фыдæлтæй, ныййарджытæй куыд хъуыстон, афтæмæй йæ бæрæг кодтой фыццаг хуыцаубоны, иннæтæ зæгъынц: нагъ, бæрæг æй кодтой дыккаг хуыцаубоны. Иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр раст сты, уымæн æмæ йæ бæрæг кодтой фыццаг хуыцаубоны дæр æмæ дыккаг хуыцаубоны дæр: ирон бæрæгбæттæ нырыккон паддзахадон бонтæ нымадыл баст не сты. Уыдон ивынц къæлиндармæ гæсгæ нæ, фæлæ иннæ бæрæгбæттæм гæсгæ. Уыцы иу бонмæ сын ныффидаргæнæн нæй. Статистикæмæ дæр куы ‘ркæсæм, уæд фæстаг 30 азæн сæ дыууæ æртыццæгæм хайы бæрæгбон хауд дыккаг хуыцаубонмæ, иу æртыццæм хай та – фыццагмæ.

Мæ размæ Иры Стыр Ныхасы хистæртæ бирæ фæархайдтой иу уынаффæмæ æрцæуыныл. 90-æм азты ма йæ нæ республикæйы хицауады бардзырдæй дæр ныффидар кодтой июлы фыццаг Хуыцаубонмæ. Адæм уый нæ айстой, æмæ абон дæр иу зондмæ нæма ‘рцыдысты. Уымæн æмæ ирон бæрæгбæттæн сæ афонтæ къалиндармæ «зæгæлæй ныххойæн» нæй – ленк кæнынц. Уыимæ ма ацы бон æгас Ирыстоны адæм Къохмæ куы æрæмбырд вæййынц, уæд дзы Æгъдау æмæ фæтк зын сæвæрæн вæййы. Уыдон та сты æппæтæй сæйрагдæр. Æмæ, чи зоны, ацы уавæрты бæрæгбон дыууæ Хуыцаубоны бæрæг кæнын стыр рæдыд нæу».

Кучиты Руслан куыд зæгъта, афтæмæй алы аз дæр Хетæджы Къохы æвзæрст лæгты хъуыдыйыл æнцойгæнгæйæ, Стыр Ныхасы сбæрæг кæнынц, кæцы бонмæ цæуы бæрæгбон, уый. Ацы аз снысан кодтой сусæны мæйы дыккаг хуыцаубонмæ. Цæвиттон, Ирыстоны фылдæр хай ацы стыр бæрæгбон кæнынц 10 июлы, фæлæ йæ бирæтæ скодтой уый размæ хуыцаубоны», – бафтыдта йæ ныхасмæ уый.

Уымæй уæлдай ма Кучиты Руслан зæрдыл æрлæууын кодта, бæрæгбонмæ куыд цæттæ кæнын хъæуы, уый.

«Бæрæгбон бахæрын æмæ бануазынæн нæу, стыр сакралон мидис хæссы. Уый фæдыл æм развæлгъау, куыд æмбæлы, афтæ цæттæ кæнын хъæуы. Нæ фыдæлтæ иу 3-5 боны ком бадардтой, сæ миддуне æмæ буар иу ссыгъдæг кодтой. Уыцы рæстæг нæй загъд кæнæн, æвзæр дзыхæй дзурæн, карз нозт нуазæн, æнæуаг митæ кæнæн, сылгоймагимæ æмуд уæвæн, бырынкъджын æмæ маргъы фыд хæрæн. Æрмæст удæй æмæ буарæй сыгъдæг адæймагæн ис Хуыцаумæ æртæ чъирийæ скувыны æмæ Дзуармæ цæуыны бар. Абон дæр афтæ кæнын хъæуы, уымæн æмæ адæймаг цыфæнды рæсугъд куы ракува, уæддæр сæйрагдæр у, чи у æмæ цы зæрдæйæ дзуры Дунесфæлдисæг Хуыцауимæ. Сыгъдæгдзинад, сыгъдæгзæрдæйæ куывд цæстуынгæ æддаг атрибутикæйæ ахсджиагдæр у», – хатдзæг скодта уый.

Елхъанаты Екатеринæ; фото: пресс-служба АГиП Северной Осетии