15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
20°
(Облачно)
52 %
1 м/с
$ — 92.5058 руб.
€ — 98.9118 руб.
Азæй-азмæ нæ хæхты фыццаг уалдзыгон дидинджыты нымæц къаддæр кæны
10.03.2011
12:12

Цæгат Ирыстоны Сырх Чиныгмæ хаст цы зайæгойтæ æрцыдысты, уыдоны адæм æртонынц. Æрдзмæ цæстдарды республикон управленийы кусджытæ уавæр фæхуыздæр кæныны нысанимæ аразынц сæрмагонд рейдтæ.
Уалдзыгон фыццаг дидинджытæ фæзынынц мартъийы. Фæлæ ацы аз мит кæй рауарыд, уый аххосæй нæма сты. Уымæ гæсгæ сæ уæй дæр нæ кæнынц. Рейдты рæстæг æрдзмæ цæстдарды управленийы кусджытæ малусæгтæ кæм уæй кодтой, ахæм бынæттæ сбæрæг кодтой æрмæстдæр дыууæ. Уыдон дæр ласт уыдысты Кæсæг-Балхъары республикæйæ. Уæйгæнджытæ нæ зыдтой, ацы дидинджытæ уæй кæнын кæй не мбæлы, уый. Фæлæ, сын ныр тæссаг у мин æмæ рдæгæй 2 мин æмæ рдæг сомы онг иваргонд кæй æрцæудзысты, уымæй.
ГТРК «Алания»