15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
15°
(Облачно)
67 %
4 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Бæдтиаты мыггаджы “Ныхас”-мæ æрбахондзысты сылгоймæгты дæр
09.03.2011
15:57

Иу цасдæр рæстæджы размæ республикæйы «Стыр Ныхас"-ы хъæппæрисæй бирæтæ скодтой мыггæгты минæвæртты «Ныхас"-тæ. Сæ алы фембæлды рæстæг-иу æрдзырдтой, цы сæ тыхсын кæны, уыцы фарстатыл. Абоны онг мыггæгты «Ныхас"-тæ кадджын кæмæн сты, сæ хъуыддæгтæ ахадгæ кæмæн сты, уыдоны хсæн ис Бæдтиаты мыггаг дæр.
Бæдтиаты Гришæ, Бæдтиаты мыггаджы «Ныхас"-ы сæрдар: «Куы вæййы чындзæхсæв, циндзинад, хъыгдзинад дæр æрцæуы, уæд нæ фæсивæд фæкæнынц кæстæриуæг. Уый хорзыл нымайæм мах. Фæлæ хъыгагæн, арæх вæййы афтæ æмæ хистæрты разæй чидæртæ фынгыл абадынц. Уый та махмæ худинаг кæсы. Цæмæй æгаддзинад сæ сæрмæ ма хæссой, ууыл архайæм. Нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ дарддæр куыд хæццæ кæной».
Ацы мыггаджы хсæн ныффидар ахæм фæтк æмæ ахсджиаг æмæ риссагдæр фарстатыл æрдзурынц иумæ: хистæртæ æмæ æрыгæттæ. Хæстæгдæр рæстæг ма фæнд кæнынц «Ныхас"-мæ сылгоймæгты райсын дæр. Æмбырдты æрныхас кæнынц куыд хъомыладон æмæ æхсæнадон хъуыддæгтыл, афтæ бæлвырд фарстатыл дæр. Зæгъæм, бирæсывæллонджын бинонтæн æмæ сидзртæн баххуыс кæнын, рынчын чи у, уыдоны арвитын дзæбæх кæнынмæ. Æфсадмæ цæуын афон кæмæн у, уыдоны кадимæ арвитын.
Уайдзæф æмæ тох кæнынц, чи сæ худинаг кæны, нозт æмæ æндæр æвзæр митыл чи фæцахуыр, уыдонимæ. Уынаффæ рахæссыны хъуыддаджы мыггаджы алы кары минæвæрттæ кæй архайынц, уый уæлдай раст æмæ хорз хъуыддагыл нымайынц.
Бæдтиаты Алан, Бæдтиаты мыггаджы «Ныхас"-ы уæнг: «Махæн нæхицæй аразгæ уыдзæн ног бастдзинæдтæ аразын. Кæрæдзимæ æнгомдæр куыд уæм, арæхдæр куыд æмбæлæм. Нæ хæистæртæ нæ кæрæдзиуыл куыд бæттынц, афтæ мах дæр хъуамæ сæ фæтк дарддæр хæццæ кæнæм».
ГТРК «Алания»