15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
22°
(Облачно)
36 %
5 м/с
$ — 93.2519 руб.
€ — 99.3648 руб.
Цæгат Ирыстоны энергетиктæ алыхуызон аваритæм сты цæттæ
21.01.2011
13:28

Зымæгон адæммæ электрон тых æнæкъуылымпыйæ куыд цæуа æмæ уазæлтты аххосæй мацы фыдбылыз æрцæуа, — ууыл ныртæккæ кусынц Цæгат Ирыстоны энергетиктæ. Скодтой сæрмагонд куысты пълан æмæ æппæт техникæ бацæттæ кодтой æнæнхъæлæджы цауты рæстæг сæ бон алыхуызон аваритæ тагъд аиуварс кæнын куыд уа, уымæн.
Сарæзтой уæлæмхасæн рейд электрон тыхдæттæг объекттыл, сбæрæг сын кодтой сæ уавæртæ, æркастысты уæлдæфон электрон тыхдæттæг хæтæлтæм. Ныртæккæ куыст цæудзæн ууыл, цæмæй тыхдæттæг линитыл ихын цъар ма фæзына, æмæ ма аскъуыной.
Тæхникты æмæ æндæр кусджыты бригадæтæ сты цæттæ.ГТРК «Алания»