15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
15°
(Облачно)
41 %
5 м/с
$ — 92.366 руб.
€ — 99.5299 руб.
Цæрæн-коммуналон хæдзарадон реформæ æххæстгонд æрцæудзæн 2011–æм азы
22.10.2010
14:28

Бирæ рæстæг æм нал баззад. Ныр цæрджыты æмбаладтæ æмæ разамонæг копанитæ архайынц сæхимæ цы хæстæ райстой, уыдон афоныл æмæ зæрдæмæдзæугæ сæххæст кæныныл. Уыц куыст ныртæккæ кæнынц Кировы районы дæр.
Ныртæккæ Елхоты бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сты 20 бæрц. Уыдонæй 12 цæуынц бындурон цалцæггонд. Ам та бафиппайын хъæуы уый æмæ куыстытæ æрмæст цæрджыты æмбаладтæ æмæ разамонæг компанитæ нæ кæнынц.
Дзуры Джыбылаты Тарзан, Кировы районы администрацийы æхсæнадимæ бастдзинады хайады сæргълæууæг: «Ныртæккæ цы бригадæтæ кусынц, уыдон сты 5. Уыдонæй алчидæр зоны йæ размæ цы хæстæ æвæрд ис, уыдон. Разы сты семæ. Бафыстой бадзырдтæ. Æмæ сæ адæм сæ хорз куысты тыххæй равзæрстой. Æмæ нæм абон чи кусы, уыдон зæрдиагæй кусынц. Алчидæр сæ архайы, цæмæй цы хæдзæрттыл кусынц, уыдон конд æрцæуой рæвдз æмæ хорз. Уымæн æмæ зымæг æрбалæууы æмæ хъуамæ уой цæттæгонд».
Цæттæ та сæ кæнынц хицæн амалхъом адæймæгтæ дæр. Зæгъæм, Челохсаты Тамерлан сарæзта кусæг къорд, ссардта техникæ, кусæнгæрзтæ æмæ ныр бындуронæй цалцæг кæнынц 4 хæдзары. Уыцы хъуыддаг та, раст зæгъгæйæ, алкæд æнцон нæ вæййы. Фæлæ адæмы бæрны чи бацыд, уый йæ хæсыл нымайы цæрджыты ма фæфыдæнхъæл кæнын, æмæ сын сæ бæстыхæйттыл бæстон кусынц. Сæ архайдмæ кæсгæйæ сын уый æнтысы.
Маринæ Калугина, хæдзары цæрæг автæ радзырдта: «Раздæр нæм куы æрбацыдысты, уæд загътой, ома, дам æрмæст стояктæ аивдзыстæм. Фæлæ куы ркастысты нæ хъуыддæгтæм, уæд куыд сбæрæг, афтæмæй сæ иууылдæр аивын хуыздæр у. Ныр уал нæм ног хæтæлтыл бауагътой хъарм дон. А-дыууæ боны та скусдзысты æппæт коммуникацитæ».
Кцойты Руслан, хæдзары цæрæг: «Нæ рацæуæнтæ нын скодтой, хæдзары сæр аивтой, подъездтæм базылдысты. Нырма кæронмæ нæ фæсты куыстытæ, фæлæ куыд кусынц афтæмæй хæстæгдæр рæстæг алцыдæр банывыл уыдзæн. Нæ зæрдæтæ нын барухс кодтой».
Цалцæггæнæн куыстытæ ууыл нæ ахицæн сты. Хæдзæрттæм зилынц куыд мидæгæй, афтæ сæ æддаг бакастыл дæр. Уæдæ цæрджыты рагон бæллиц -аив æмæ рæсугъд кæрт ныр сæххæст уыдзæн. Абонмæ уал бахизæнтæ конд, къахвæндæгтæ асфальтæй æмбæрзт, кæрты бæлæстæ зылд.
Габысаты Алан, хæдзары цæрæг: «Ацы хæдзæрттæ 67-æй азæй æппындæр зыл нæ уыдысты. Нæхæдæг иу сæ куыддæртæй сцалцæг кодтой. Фæлæ бындуронæй никуы. Афтæмæй лæууынц. Йæр мæнæ стыр бузныг Челæхсаты Таймуразæн, сдзæбæх нын сæ кодта. Уый куы нæ уыдаид, уæд ма цас ахастаиккой, уый нæ зонæм. Ныккалдаид нæ хæдзар».
Хæдзæртты цæрджыты ныхæстæм гæсгæ сæ 5 % æмбырд кæнын куы хъуыд, уæд фыццаг дызæрдыг кодтой – хъуыддагæй ницы рауайдзæн, зæгъгæ. Фæлæ куы ркастысты куыд кусынц уымæ, уæд сæ цæстæнгас аивтой. Фæсмон æппындæр нæ кæнынц. Реформæйы фæлгæты сын цы хца радих кодтой, уыдон сæхи æмбырдгонд 5%-имæ систы милуанæй фылдæр æмæ хъуамæ сфаг уой бындурон цалцæгæн.
Челæхсаты Тамерлан — амалхъом адæймаг:«Цы æхцатæ нын радих кодтой, уыдонæй уал нын радтой 30% цæмæй кусын райдайæм, материал балхæнæм, уый тыххæй. Иннæтæ та нын радтынц кусын куы райдайæм, уæд».
Челæхсаты Тамерлан йæ бæрны цы цыппар хæдзары ис, уыдон цалцæг кæнын райдыдта сентябры кæрон. Мæймæ бæстыхæйттæ куыд аивтой уый бæрæг у. Æмæ фидарæй зæгъæн ис зымæгмæ сæ æмбæлгæ хуызы кæй бацæттæ кодта.ГТРК «Алания»