Цъæйы комы цæуынц ахуыртæ ирвæзынгæнджытæн
Цъæйы кусын райдыдта æрвылазон «Æрыгон ирвæзынгæнæджы скъола».
Арæзт æрцыд республикæйы æнæнхъæлæджы цауты министрады специалистты æмæ хæрзаудæн
фонд «Успение”-йы хъæппæрисæй. Цæуынц æм 13-14 азыдзыд лæппутæ æмæ чызджытæ. Ацы фæлтæры сты 44-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Фæлтæрдджын ирвæзынгæнджытæ сæ ахуыр кæнынц сæ дæсныйады сусæгдзинæдтыл.
Сывæллæтты зæрдæмæ цæуы æрдзон уавæрты сæ бон кæй у базонын, бахъуазы сахат зын уавæры чи бахауд, уыдонæн куыд баххуыс кæнæн ис, уый. Бирæты дзы фæнды фидæны ирвæзынгæнæгæй кусын.ГТРК «Алания»