15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
18°
(Облачно)
52 %
4 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Цæгат Ирыстоны цуанæттæ æмæ æрдзуарзджытæ цин кæнынц, æрæджы хъæдтæм хъуазтæ кæй ауагътой, ууыл
27.02.2013
12:28

Рæсугъд æмæ аив цæрæгойтæ уал сты 8, фæлæ специалистты хъуыдымæ гæсгæ, цыбыр рæстæгмæ бабирæ уыдзысты. Ныр та уал сæм хъæуы цæст дарын æмæ зилын. Уæлдайдæр зымæгон.

Цæгат Ирыстоны фæдзæхст бынæттæм хъуазтæ æрбаластой 3 мæйы размæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, уый размæ республикæйы никуы уыдысты. Фæлæ сын нæ æрдзон уавæртæ иттæг хорз сты. Уыимæ сты æнцондарæн.

Нырма уал сты 8. Æрбаластой сæ Ростовæй. Дарынц сæ Уæллаг Санибайы сæрмагонд бынæтты. Цæгат Ирыстоны цуанæтты фæлварæн хæдзарады нын куыд радзырдтой, афтæмæй, хъуазтæ æрбаласыны размæ скодтой экологон экспертизæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ивгъуыд азты африкæйаг хуыты низæй бирæ сырдтæ фесæфт. Æмæ цæмæй хъæдты фæзуæттæ фылдæр цæрæгойтæ уа, уый тыххæй æрбаластой хъуазтæ дæр.

Созанаты Цæра, Цæгат Ирыстоны цуанæтты фæлварæн хæдзарады хицау: «Ацы аз ма ноджы æрбаласдзыстæм цæрæгойтæ. Дарддæр ма ноджы æхгæдтæ сараздзыстæм. Цæмæй сæ ам дарæм, æмæ сæ уый фæстæ хъæдтæм ауадзæм. Фæнды нæ цæмæй нæ кæстæртæ райсом зоной цы хуызæн уыд лань (хъуаз), цæмæй нæм сырдтæ уа. Æмæ нæ цуанæттæн дæр сæ бон цуан кæнын уа».

Цуанæтты ныхæстæм гæсгæ, хъуаз тынг цымыдисаг цæрæгой у. Йæ рæсугъддзинад æмæ аивдзинад та абарæн дæр ницæимæ ис. Цæрынц 40-50 азы æмæ алы аз дæр ныййарынц лæппынтæ. Специалисттæ æмæ цуанæттæ сæ зæрдæ дарынц, цалдæр азы фæстæ Ирыстоны хъæдты хъуазтæ кæй сбирæ уыдзысты, æмæ сыл цуан кæнæн кæй уыдзæн, ууыл. Хæстæгдæр рæстæг ма фæнд кæнынц Чехословакийæ ноджыдæр 80 хъуазы æрбаласын.

Ныртæккæ уал Ирыстоны фæдзæхст бынæтты вольерты ног ласт уазджытæн ис æппæт фадæттæ, цæмæй фæцахуыр уой бынæттон æрдзон уавæртыл. Уæвгæ, 20 га бæрц фæзуатыл сæхи хорз æнкъарынц. Æмæ зæрдæ дарæн ис фидæны аз кæй суыдздзысты 100 сæры. Фæлæ уал сæм хъæуы зилын. Æмбæлгæ хæринаг дæттын.

Уый зонгæйæ, сын «Русгидро”-йы кусджытæ æрбаластой 500 кг нартхор.

Тотраты Виталий, гом акционерон æхсæнад «Зæрæмæджы ГЭС”-ы генералон директор: «Æххуыс кæнæм цуанæтты цæдисы уæнгтæн, цæмæй мæнæ цы сырдтæ æрбаластам, уыдонæн зымæгон æнцондæр уа. Фæкæсæм сæм, мах сын балхæдтам корм, æрбаластам сын æй. Ацы хæдзарады сырдтæ фылдæр кæнынц æмæ уый тынг хорз у. Русгидро-йы хицауад дæр æмбары æрдз хъахъхъæнын кæй хъæуы, ахæм хъуыддæгтæ фылдæр кæнын кæй хъæуы, уый æмæ сын алывæрсыг æххуыс кæнæм. Мах дæр архайдзыстæм цæмæй ахæм программæтæ парахатдæр кæной, уый тыххæй» .

Цуанæтты хæдзарадæн куыстуат ахæм æххуыс фыццаг хатт нæ кæны. 4 азы размæ республикæмæ зубртæ куы æрбаластой, уæд дæр сын баххуыс кодтой вольертæ саразын. Уæвгæ, компанийæн фидар бастдзинæдтæ ис цуанæтты хæдзарадимæ, кæнынц сын алывæрсыг æххуыс.ГТРК «Алания»