15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
11°
(Облачно)
82 %
2 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Дигорайы арæзт æрцыд литературон-музыкалон изæр “Хæсты сывæллæттæ”
23.06.2011
14:11

Ацы бонты та нæ зæрдыл æрлæууыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты æвирхъаудзинад. 70 азы размæ адæмыл цы уæззау хабар сæмбæлд, уый хъуамæ кæстæр фæлтæртæ ма рох кæной. Уымæ гæсгæ Дигорайы культурæйы галуаны арæзт æрцыд акци «Хæсты сывæллæттæ».
Æвирхъау хæсты зын сабийæ йæхиуыл чи банкъардта, уыдоны кадæн арæзт æрцыд ацы фембæлд.
Тынг зæрдиагæй Дигорайы культурæйы галуанмæ æрбамбырдысты алы кары адæм. Алкæмæн дæр сæ цымыдисаг у, йæ фыдæлты хæстон хабæрттæм байхъусын. Ахæм фадат та арæзт æрцыд зæрдæргъæвд кæстæрты фæрцы. Дыгуры районы аминистраци, республикæйы стæй районы культуры хайад, Хæсты ветеранты æхсæнады зæрдиаг архайды фæрцы фембæлд рауад зæрдæмæдзæугæ æмæ цымыдисаг.
Лолаты Батрадз, хæсты ветеран: «Уыцы цаутæ нæ цæстытыл куы ауайынц уæд æнцон кæм вæййы. Фæнды нæ ацы мадзалæй, уыцы хабæрттæ кæстæртæм фæхæццæ кæнын «.
Æрбацæуæг хæсты ветерантæн стыр кад скодтой. Алкæйы цардвæндаджы тыххæй дæр амонæг радзырдта, стæй хæсты сывæллæттæ æрымысыдысты сæ цымыдисаг, уæззау хæстон цаутæ.
Кæд ма уæд æвзонг уыдысты, уæддæр сын ис радзуринæгтæ, кæстæр фæлтæрæн æнæмæнг зонын кæй хъæуы, ахæм хабæрттæ.
Такъоты Тамарæ, Дигорай сывæллæтты сфæлдыстады центры методист:”хæсты ветеранты фронты сæ хæс лæвæрдтой. Адон та, алы бон сæ цæстытæй уыдтой адæмы зын цард хæсты рæстæг «.
Амонæг куы æмдзæвгæйы мидисæй, куы йæ хъуыдытæй æмбарын кодта, ныры фæсивæдмæ уæды кæстæрты хъару, зондахаст цæмæй уа, уый тыххæй семæ кусын кæй хъæуы, уый.
Сабеты Виктор, республикæйы хæсты ветеранты советы сæрдары хæдивæг: «Дыгуры районы бæрц хæсты геройтæ никæцы районы ис. Æз фыссын чингуыты хæсты архайджыты тыххæй æмæ ныртæккæ кусын Дигорай хæстонты тыххæй æрмæджыл».
Хæсты сывæлæттæн сæ зæрдæтæ суынгæг сты, цы хæстон зарджыты концерт сын равдыстой, уымæ хъусгæйæ. Сæ арæхстдзинад дзы равдыстой Цыколайы зарæггæнджытæ, Дигорайы сывæллæтты сфæлдыстадон центры архайджытæ æмæ ма æндæр артисттæ.
Ацы акцийы ахадындзинад бамбаргæйæ йæ æдзух дæр куы аразой иннæ рæтты, уæд, чи зоны, æмæ нæ кæстæрты патриотон хъомылад бæрзонддæр æмвæзадыл уыдзæн.ГТРК «Алания»