15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
23°
(Облачно)
33 %
5 м/с
$ — 93.2519 руб.
€ — 99.3648 руб.
Дзæуджыхъæуы ацыд Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты методикон советы æмбырд
24.06.2011
13:08

Дзæуджыхъæуы ацыд Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты финансон цæстдарды территориалон хайæдты методикон советы фыццаг æмбырд. Федералон бюджеты фæрæзтæ хардз кæнынмæ хуыздæр хъус дарыны иумæйаг мадзæлттыл кусын – уый у советы сæйрагдæр нысан.

Æмбырды архайджытæ уыдысты Цæгат-Кавказы федералон зылды субъектты финансон цæстдарды территориалон хайæдты разамонджытæ. Сæ архайды ахсджиагдзинадæн сын стыр аргъ скодтой нæ республикæйы закъонадон æмæ æххæстгæнæг хицаудзинады минæвæрттæ, стæй прокурор, уымæн æмæ паддзахадон къазнайы фæрæзтæ ахадгæйæ хардз кæнынмæ иудадзыгдæр хъæуы хъус дарын.

Стъараполы крайы финансон цæстдарды территориалон хайады разамонæг, методикон советы сæрдар Геннадий Кутепов куыд радзырдта, афтæмæй фарон æмæ ацы аз Цæгат-Кавказы федералон зылды иумæйагæй сбæрæг кодтой, 210 миллиард сомы куыд хардзгонд æрцыдысты, уый. Уагæвæрд хæлд кæм æрцыд, ахæм цаутæ раиртæстой минæй фылдæр. Субъектты минæвæрттæ æмбырды архайджыты базонгæ кодтой сæ фæлтæрддзинадимæ хицæн фарстатæ лыг кæныны. Фæзминагыл банымадтой Цæгат Ирыстоны управленийы æмгуыстад прокуратурæйымæ, стæй иумæйагæй куыст куыд цæуы, уый.

Баскаты Станислав, РЦИ — Аланийы финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы разамонæг: «Кæрæдзийы базонæм, кæрæдзийы фехъусæм, си куыд кусы, уый базонæм, æмæ дзы хорзæй цы ис, уымæй нæ куысты спайда кæнæм. Ныртæккæ рæстæг рæвдз цæуы, закъæттæ тагъд ивынц, æмæ сыл ныхас кæнæм, куыд сæ æххæст кæнæм, цæмæй сæ фылдæр пайда уа адæмæн нæ æрвылбоны куысты.

Æмбырды архайджытæ бахастой сæ хъуыдытæ финансон цæстдард фæхуыздæр кæныны, стæй закъонадон бындур снывыл кæныны. Геннадий Кутепов куыд загъта, афтæмæй сæ Методикон совет фæхæццæ кæндзæн бæрнон федералон структурæтæм, цæмæй бæлвырд уынаффæтæ хаст æрцæуой.

Æмбырды фæстæ республикæйы уазджытæ сæ хæсыл банымадтой Беслæны трагедийы амæттæгты сыгъдæг нæмттæ ссарын, дидинджытæ сæвæрдтой скъолайы æмæ мемориалон уæлмæрды. Дзæджыхъæуы «Намысы Аллейы» та æрхъуыды кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты.ГТРК «Алания»