Дзæуджыхъæуы аэропорты æдасдзинадыл цæуы бæстон куыст
Аэропорт «Дзæуджыхъæуы» бæстон кусынц адæмы æдасдзинадыл. Аэропортмæ цæуæг машинæтæм лæмбынæг кæсынц милицæйы кусджытæ. Бæлццæттæ ацæуынц дыууæ цæстдарæн пунктыл. Сæ иу ис бæстыхаймæ бацæуæны, иннæ та – адæм сæ рейстæм кæм æнхъæлмæ кæсынц, уым. Хæдтæхæгыл сбадыны бардæттæг талонтыл æвæрд цæудзæн сæрмагонд нысантæ. Уыимæ ма аэропорты æппынæдзух рад хæссынц кинологтæ. Æдасдзинады фарста ныртæккæ тынг ахсджиаг у. Уымæ гæсгæ йыл авиакомпаниты, авиацион æдасдзинады службæйы æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнтæ кусынц иумæйаг хъарутæй.ГТРК «Алания»