Фæстаг рæстæг сидзæр, æвæгæсæг æмæ æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, уыцы сывæллæттæм паддзахады рдыгæй кæд фылдæр æргом здæхт цæуы, уæддæр фарста у ахсджиаг. Уымæ гæсгæ уæлдай æхсызгон вæййы зонын, зæрдæйæ хъæздыг адæм сын сæ уды хъарм кæй не вгъау кæнынц, уый.
Афтæ Ирыстойнаг зылды сæргълæууæджы хъæппæрисæй районы амалхъом адæм лæвæрттимæ бабæрæг кодтой республикон социалон реабилитацийы центр «Доброе сердце».
Раст зæгъгæйæ, афтид къухæй не рбацыдысты. Рагагъоммæ центры хицау Таисия Печенкинаимæ фембæлгæйæ, сбæрæг кодтой сывæллæттæ цы хъуаг сты, цы сæ хъæуы уый, æмæ сын сæ балæвар кодтой.
Ныр бирæ сывæллæттæн ног хъарм уæлæдарæс æмæ дзабырты зымæджы уазал нæ уыдзæн. Уымæй уæлдай ма спортивон костюмтæ, хъазæнтæ, хæдзары хъуæгæ техникæ, дзоныгътæ, спортивон хъæзтытæ, адджинæгтæ æмæ æндæртæ.
Цымыдисæй æмæ хъæлдзæгæй сывæллæттæ æрвыстой сæ рæстæг аргъауы хъайтартимæ.
Ахæм мадзал бацæттæ кодта Ирыстойнаг зылды æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл къамис. Йæ сæргълæууæг Мелыкаты Джамболат, префектурæйы фæсивæд æмæ районы амалхъом адæм ахæм мадзал фыццаг хатт нæ сарæзтой. Бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæм æдзух дарынц сæ цæст. Рох не кæнынц сывæллæтты хæдзæрттæ дæр. Æмæ æрмæст бæрæгбонты нæ.ГТРК «Алания»