15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
18°
(Облачно)
55 %
3 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Джимарайы цæрæг цугæдоныл сарæзта чысыл гидроэлектростанцæ
25.10.2010
16:01

Ног нырыккондæр технологитæ кæд парахатдæр кæнынц нæ абоны царды, уæддæр ма ис ахæм рæттæ æмæ социалон уавæртæ хуыздæрхъуаг кæм сты. Хæхбæсты цард та у хицæн ныхасы аккаг.
Фæлæ уæддæр разыны хъæппæрисджын адæм, йæ райгуырæн бæстæйы рæсугъд фидæныл чи архайы. Агурынц æмæ царды рауадзынц пайдайаг æмæ цымыдисаг ногдзинæдтæ.
Джимарайы хистæр кары цæрджытæ ма хорз хъуыды кæнынц 1966-67-æм азты цугæдоныл чысыл гидроэлектростанцæ арæзт куыд æрцыд, уый. Азтæ рацыдысты, ныр йæ кой дæр нал ис. Фæлæ куыд фæзæгъынц, фыдæлты фарн нæ сæфы. Уарзиаты Æхсар йæ фыды хъæппæрис æмæ инженерон хъуыды æххæст кæнгæйæ, йе мбæлттимæ дыууæ азмæ сарæзтой гидроэлектростанцæ. Ныртæккæ у хъæуы цæрджытæн рухс æмæ тых дæттæг фæрæз. Æхсар йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ дзы бынтон диссагæй ницы ис, фæлæ бахъуаджы сахат фæтæгены цырагъæй бирæ хуыздæр у.
Уарзиаты Æхсар, бынæттон цæрæг радзырдта : «Фæтæгены цырагъæй хуыздæр у, кæд æгæр-æгæр нæу, уæддæр. Раздæр-иу арæх уыд ахæм хъуыддаг, æмæ иу телтæ аскъуыд сты, кæнæ иу ссыгъдысты. Цалынмæ цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты, уæдмæ адæм уыдысты æнæ рухсæй. Æмæ сын иу уыцы сахат цæмæйдæр баххуыс кодтон».
Ахæм хорз хъуыддæгтæн бынаттон цæрджытæ стыр аргъ кæнынц. Тынг бузныг сты се мхъæуккæгтæй.
Уарзиаты Чермен, бынæттон цæрæг : «Алы рæстæг дæр æм бацу, æмæ йе ххуыс нæ бавгъау кæны, (рухс ахуыссæд, телтæ атыдтой, кæнæ æндæр исты), уайтагъд рауайы, сцалцæг кæны, телтæм базилы æмæ рухс фæзыны.
Ныртæккæ Уарзиаты Æхсар агуры ног фæрæзтæ хæххон хъæуккаг цард фæрогдæр кæнынæн. Арæх дзы фехъусæн ис ныхас, зæгъгæ æрдзæй, цæугæдæттæй пайда кæнгæйæ, исæн кæй ис электрон тых кæд лæвар нæ, уæддæр бирæ асламдæр. Уæдæ хæххон дымгæ дæр пайда у гидроэлектростанцæйы куысты.
Уарзиаты Æхсар,: «Диссаг – диссагæй дзы ницы ис, фæлæ йæ уæлдай хатт раиртæстам кæй ис гæнæн ахæм хъуыддаг, Ирыстоны дæттыл пайда хæссын».
Ныртæккæ арæх фехъусæн вæййы адæм хæхтæй быдырмæ лидзынц, зæгъгæ. Бирæтæ нæ бафæразиккой æнæ коммуникацитæй цæрын. Электрон тых, æрдзон газ, тæвд дон— систы æнæмæнг хъæугæ домæнтæ. Фæлæ ахæм чысыл ГЭС-ты руаджы хæхбæстæ электрон тыхæй бафсадæн кæй уыдзæн, уый æнæмæнг хорз у.ГТРК «Алания»