Фæсивæдон футболон командæ “Алани-2” райдыдта цæттæгæнæн тренировкæтæ
Фæсивæдон футболон командæ «Алани”-2-ы уæнгтæн футболон базæйы райдыдтой цæттæгæнæн тренировкæтæ. Цæудзысты дыууæ боны. Архайы дзы 20 спортсменæй фылдæр. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй ма хъуамæ æркæсой, райсынмæ кæй хъавынц, уыдонмæ.
Командæйы тренер Валерий Липатовы ныхæстæм гæсгæ, нырма бæрæг нæма у кæцы лигæйы хъаздзысты уый, фæлæ ног сезоны футболистты физикон æмæ спортивон цæттæдзинад хъуамæ уа æмбæлгæ уагыл.ГТРК «Алания»