15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
20°
(Облачно)
64 %
2 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Фонд “Влада” хъахъхъæны бирæсывæллонджын мадæлты бартæ
06.04.2011
16:52

Бирæсывæллонджын мадæлты бартæ хъахъхъæныны нысанимæ Алагиры районы арæзт æрцыд сæрмагонд фонд «Влада». Разамынд ын дæтты Дзебойты Еленæ. Хæрзаудæн фонды куыстимæ базонгæ нæ уацхæссæг Моргуаты Ладæ.
Дзебойты Еленæ у бирæсывæллонджын мад, хъомыл кæны 7 сывæллоны. У 3 сывæллоны уарзон нана. Уымæ гæсгæ йын хорз зонгæ сты, бирæсывæллонджын мадæлтæм æрвылбон цы фарстатæ сæвзæрынц, уыдон. Фонд «Владæ”— йы архайдæн стыр æххуыс кæны парти «Иугонд Уæрæсейы» Цæгат Ирыстойнаг хайад. Алагиры районы бирæсывæллонджын бинонтæн алы бæрæгбоы дæр скæнынц лæвæрттæ. Фонды хъæппæрисæй арæх сабиты аласынц æндæр горæттæм дæр.
Ацы къамтæ та сты сывæллæтты цины цаутæн æвдисæн. Стæм саби раппæлдзæн, Паддзахадон Думæйы депутаттимæ, æмæ зынгонд артисттимæ кæй фембæлд, уымæй. Сæ курдиат бацагайдта Алагиры цæрджыты зæрдæты дæр.
Фонд «Владæ» стыр хъомыладон куыст кæны. Бацæттæ кæны хæрзаудæн программæтæ дæр. Æрæджы та хъæды хæдзарады техникумы ахуырдзаутимæ сарæзтой цымыдисаг фембæлд.
Хъæугæ æмæ ахадгæ у фонд «Владæ”— йы архайд. Йæ сæрдар Дзебойты Еленæ æвæллайгæ куыст кæны, кæд æмæ йын фадæтæ уый бæрц нæй, уæддæр.ГТРК «Алания»