15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
25°
(Ясно)
31 %
5 м/с
$ — 94.0922 руб.
€ — 100.5316 руб.
Хæрзауыдæн фембæлд бæрæгбоны агъоммæ
09.03.2011
16:02

Чырыстон диныл хæст фæсивæдон центры хъæппæрисæй комдарæны æмæ сылгоймæгты бæрæгбоны агъоммæ арæзт æрцыд цымыдисаг фембæлд. Бæркадджын фынгтыл бадгæйæ чырыстон диныл хæст сылгоймæгтæ фæсивæдимæ æрдзырдтой сæ иумæйаг фарстатыл.
Æмбырдмæ æрбахуыдтой сауджыны дæр. Ацы бон мА чырыстон диныл хæст адæмæн уыд хатыртæ куырæн бон æмæ сыгъдæгзæрдæйæ кæрæдзийæн сæ тæригъæдтæ ныххатыр гæнгæйæ фæсивæд раарфæ кодта ахæм фембæлд кæй хъæппæрисæй арæзт æрцыд уыцы адæмæн.
Афтæ рауад æмæ комдарæны фыццаг къуыри æмæ сылгоймæгты бон баиу сты, уымæ гæсгæ чырчстон диныл хæст сылгоймæгты номыл ацы бæрæгбоны зæлыд бирæ арфæйы ныхæстæ.ГТРК «Алания»