15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
14°
(Облачно)
41 %
5 м/с
$ — 92.366 руб.
€ — 99.5299 руб.
Хъобангомы арæзт æрцыдысты сæрмагонд ахуыртæ
06.04.2012
17:30

Абон Хъобангомы арæзт æрцыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Сæ сæйраг нысан у сбæрæг кæнын, Цæгат Ирыстоны хъæдты æппæтæй тæссагдæр уавæр кæм ис, уый.

Сæрмагонд маршрутмæ гæсгæ республикæйы хъæдты хæдзарæдты инспектортæ æмæ кусджытæ бæрæг кодтой, Хъобангомы хъæдты зынгсирвæзтытæй тæссаг у æви нæ, уый. Ахуырты архайджытæ сæ зæрдыл лæууын кодтой, зынгсирвæзты рæстæг куыд архайын хъæуы, уый. Архайдтой дзы республикæйы хъæды хæдзарады комитеты, хъæууон хæдзарады министрады, стæй районты хæдзарæдты инспектортæ æмæ кусджытæ, æнæнхъæлæджы цауты министрады уæнгтæ, Национ парк «Аланийы» специалисттæ. Ахуырты архайджытæ цы маршрутыл куыстой, уый уыдис 2 киллометры бæрц. Уæвгæ та, ахæм маршруттæ республикæйы ис 81 æмæ сæ дæргъ у 935 киллометры.ГТРК «Алания»