15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
24°
(Облачно)
41 %
6 м/с
$ — 92.5058 руб.
€ — 98.9118 руб.
Ирон театры байгом ног сезон
02.10.2022
10:01
1 011

Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры сабаты байгом ног сезон. Сфæлдыстадон коллектив аивадуарзджыты зæрдæтæ барухс кодта Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ æвæрд комеди «Чепена»-йæ. Йæ режиссер у нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Цариты Валерий.

Спектаклы райдианы агъоммæ сценæмæ рацыдысты актертæ сæ сæргъы театры сфæлдыстадон разамонæг, Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви, афтæмæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд дунейы уæззау политикон-æхсæнадон уавæр скодта, уæддæр театр раздæрау кусдзæн, аивады тых та адæмæн ныфс дæтдзæн.

«Цы уавæртæ ис, уыдон, æнæмæнг,  фæуыдзысты, æнæмæнг, уыдзæн сабыр рæстæг, фæлæ аивад фæстæмæ сæмбырд кæнын уыдзæн зын. Уымæн Ирон театр дæр куыд куыста, афтæ кусдзæн. Уыцы тохы махæн бирæтæн ис не ‘мбæлттæ, не ‘рдхæрдтæ, нæ сыхæгтæ, нæ хорз зонгæтæ æмæ уæ бауырнæд, ам дæр ахæм фæсивæд ис, кæцы, куы бахъæуа, уæд Къоста куыд загъта: «Æхсаргард æсласын мæ бон нæу мæнæн…», фæлæ махмæ та ис æндæр хæцæнгарз – аивад æмæ не ‘мбæлттæм, не ‘фсымæртæм цæудзыстæм, сæ зæрдæтæ сын хъæлдзæг кæндзыстæм, цæмæй сæм уа ныфс», – загъта Уалыты Гиви.

Куыд ма радзырдта, афтæмæй Ирон театры фæзынд чысыл сценæ. 15 октябры йæ байгом кæндзысты Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Се человек»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклæй. Ног сезоны ма театрдзаутæ фендзысты Михаил Лермонтовы поэмæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Демон». Йæ премьерæ уыдзæн 28 октябры.

Уымæй уæлдай ма декабрмæ аивадуарджытæн бацæттæ кæндзысты Уильям Шекспиры трагедимæ гæсгæ æвæрд спектакль «Паддзах Лир», сабитæн та аргъау «Золушка». Январы театрдзаутæн равдисдзысты Илья Ильф æмæ Евгений Петровы роман «12 стульев»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль, мартъийы та Илас Æрнигоны радзырдмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Челе».

Хуытыгаты Тамарæ