15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
15°
(Облачно)
59 %
1 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
«Иры стыр ныхас»-ы дзырдтой Джеоргуыбайы бæрæгбон хуыздæр арвитыныл
17.11.2010
16:05

Æрхæццæ кæны, ирон адæм рагфыдæлтæй нырмæ стыр кад кæмæн кодтой, уыцы бæрæгбæттæй иу, Джеоргуыба. Æвæццæгæн, Ирыстоны иу ахæм ком дæр нæй, Лæгты Дзуары кувæндон кæм нæ уа. Ацы Дзуар афтæ нымадтой, æмæ йын афæдзы иуæндæсæм мæй схуыдтой йæ номыл.
Джеоргуыбайы бæрæгбон, кæнæ Лæгты Дзуары кувæн къуыримæ адæм сæхи фæцæттæ кæнынц æнæхъæн афæдз. Райдайы галæргæвдæнæй, бирæтæ снывонд кæнынц уæныг. Хæдзары скæнынц æртæ чъирийы, æмæ бинонты хистæр Лæгты Дзуарыл бафæдзæхсы йæ кæстæрты. Фæстаг азты бæрæгбон сси национ. Куыд растдæр æмæ йыл рæсугъддæрæй сæмбæлой ацы аз, ууыл ныхас цыд Æппæтирон адæмон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас"-ы. Хистæртæ бæстонæй æрдзырдтой бæрæгбоны къуырийы фæткыл. Алчидæр бахаста йæ фиппаинæгтæ.
ГТРК «Алания»