15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
25°
(Дождь)
29 %
7 м/с
$ — 94.0922 руб.
€ — 100.5316 руб.
Ирыстоны адæмон фыссæг Агънаты Гæстæн фембæлд æрыдойнæгтимæ
02.03.2013
12:22

Æрыдоны районы сæйраг библиотекæйы Ирыстоны адæмон фыссæг Агънаты Гæстæн фембæлд районы цæрджытимæ. Фембæлды амонæг æрбацæуæг адæмы зæрдæтыл æрлæууын кодта фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады сæйраг цаутæ. Сæрмагонд ныхас цыд Гæстæны уацмасты хъайтартыл, се стыр ахадындзинадыл нæ царды, ирон литературæ æмæ культурæйы ахсджиагдæр проблемæтыл. Æрыдойнæгтæн фæзынд хорз фадат раттын сæ уарзон авторæн цымыдисаг фарстытæ æмæ фехъусын зæрдæбын дзуæппытæ. Гæстæнимæ иумæ Æрыдонмæ æрцыдысты ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис æмæ фыссæг Цомартаты Изæтбег.
15-Мæргъиты Аланæ