15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
11°
(Облачно)
82 %
2 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Ирыстоны дзæбæхгæнæн кусæндæттæ фæзындысты раздæр цы хъæуты нæ уыдысты, уым дæр
12.11.2010
14:51

Æнæниздзинады фарстатæм цы стыр æргом здæхт цæуы хицауады рдыгæй, уый ацы къабазы куыстыл хорзырдæм æнæфæзынгæ нæ фæци. Уæлдай æхсызгон уый у, æмæ дзæбæхгæнæн кусæндæттæ фæзындысты раздæр цы хъæуты нæ уыдысты, уым дæр. Иннæтæ та цæуынц бындурон цалцæггонд. Сæ иу Ираныхъæуы.
Пъолтæ æмæ цартæ калд, къултæ къахт, доны хæтæлтæ æмæ хъармгæнæнтæ ист, бахизæнты раз змис – ахæмæй уынынц ныртæккæ Ираныхъæуы цæрджытæ бынæттон амбулатори. Фæлæ уый рæстæгмæ кæй у афтæ, уый зонгæйæ, цин кæнынц рæхджы сæм бындурон цалцæггонд бæстыхай кæй уыдзæн. Уыцы хъуыддаджы сын стыр æххуыс бакодтой республикæйы хицауад æмæ районы администраци. Куыстытæ тендермæ гæсгæ баргонд æрцыдысты гом акционерон æхсæнад « Император”-æн. Кусинæгтæ та дзæвгар сты.
Хабæты Роман, гом акционерон æхсæнад «Император”-ы прораб: «Бæстыхайы раз штукатуркæ скодтам. Æрластам чъырæй цæгъдынæн æрмæг, кæндзыстæм æй текстурный кæй хонынц, ахæм. Мæнæ цоколь дæр тагъд фæуыдзæн конд. Йæ сæрæн цыдæриддæр æрмæг хъæуы, уыдон иууылдæр æлхæд сты. Дуæрттæ æрластам».
Кусджытæ цин кæнынц хъарм хур бонтыл. Уый сын фадат дæтты бæстыхайы æддагон куыстытæ кæронмæ скæнын. Ныр сæвæрдтой ног рудзгуытæ æмæ дуæрттæ, скусын кæндзысты хъармгæнæнтæ æмæ а-дыууæ боны рахиздзысты мидæггаг куыстытæм. Уым дæр æрцæудзæн ивддзинæдтæ.
Хабæты Роман: «Раздæр дзы мидæгæй ницы удобствæтæ уыди. Ныр дзы алцыдæр уыдзæн. Къуæхсæнтæтæ дæр дзы сывæрдзыстæм, бауаддзыстæм тæвд дон. Скæндзыстæм хицæн хъармгæнæн. Иу ныхасæй цæмæй кусджытæн удæнцой уа, уый тыххæй».
Цалцæггæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æмæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй бæстыхай уыдзæн райдзаст, аив æмæ рæсугъд. Цы уыд уымæй бирæ хуыздæр.
Æппæт куыстытæ та хъуамæ фæуой ног азмæ.
Хабæты Роман: «Мах хъуамæ æппæт куыстытæ фæуæм ног азмæ. Фæлæ нæ хъарутæм гæсгæ фæнд кæнæм иу 15-æм декабры хъæуы цæрджытæн балæвар кæнын цалцæггонд амбулатории».
Сæйрагдæрыл та иууылдæр нымайынц уый, æмæ сæ къухвæллой адæмы пайдайæн кæй у. Ахæм куыст та алчидæр кæны зæрдиагæй æмæ æхсызгонæй.ГТРК «Алания»