15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
(Ясно)
87 %
3 м/с
$ — 92.2628 руб.
€ — 99.7057 руб.
Историмæ баздæхт: Уыналы хъæуы мыггагон мæсыджы байгом уыдзæн этнографион музей
12.04.2018
16:55

Уыналы хъæуы мыггагон мæсыджы байгом уыдзæн этнографион музей, бынат дзы ссардзысты астæузаманы Аланийы  ХV-XVI æнусты периоды царды æппæт къабæзтæ. Хъæппæрисджын къорд, йæ хыгъды – Цæгат Ирыстоны сгуыхт  нывгæнæг Цæллагты Виктор, стæй ма, фыдыбæстæйы хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм разæнгард адæм, бацæттæ кодтой диссаджы проект: рагон мæсыджы ноггонд æрцæудзæн, ирæттæ незаманты цы уавæрты цардысты, уыдон. Ам æрцæуæг адæмæн дзурдзысты, мæсыджы агъуыстытæ, цардуаджы предметтæ куыд пайдагонд цыдысты. 

Мæсыг-музеймæ бацæуæн традицимæ гæсгæ уыдзæн дыккаг уæладзыджы æмвæзадыл: ам незаманты  æвæрдтой хос æмæ сугтæ. Фыццаг уæладзыг, хуры рухс æм кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ пайдагонд цыд хæлцадæн уазалгæнæны хуызы. Уымæ гæсгæ уыцы ран уыдзæн дегустацигæнæн зал, уым æрцæуæг адæм ацаходдзысты ирон бæгæны, сæн æмæ цыхтæй. Æртыккаг уæладзыджы агъуысты кæддæрау уыдзæн традицион цардуаджы предметтæ: зæгъæм, ам уыдзæн æртæкъахыг фынг æмæ хæдзары æндæр дзауматæ. Топпуадзæн ис фæстаджы раззаг æмвæзадыл: раздæр-иу æрбабырсты рæстæджы знаджы уырдыгæй æхстой. Мæсыджы сæр уыдзæн фæлгæсæн фæзуат хъæдæрмæгимæ фæдисы æртытæн – тæссаг уавæр-иу сыхаг хъæутæ уыдоны æххуысæй базыдтой.

Ацы мæсыг суыдзæн республикæйы ахæм хуызы фыццаг æмæ иунæг культурон центр. Ацы музей диссаг канд йæ бынатæй нæу. Проекты авторты хъуыдымæ гæсгæ, уый уыдзæн контактон музей, Уæрæсейы ахæм хуызы музейтæ стæм сты. Ам адæм базонгæ уыдзысты Ирыстоны ивгъуыдимæ, къухæй йæ басгардзысты: незаманты предметтæ сæ къухмæ райсдзысты – республикæйы истори æмæ культурæ банкъардзысты. Музейы бæстыхайы сæ куыст кæндзысты куырдадз, дурынгæнæджы æмæ хъæдыл нывæфтауæджы куырдадзтæ, дзулфыцæн. Ам туристтæн уыдзæн алыхуызон æрмгуысты хуызтæ базоныны фадат, уыйадыл æххæстæй аныгъуылдзысты ивгъуыды атмосферæйы.

Культурон центры бæстыхайы уыдзæн алыхуызон ирхæфсæн программæтæ: форумтæ, фестивальтæ, концерттæ, мастер-класстæ, лекцитæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Сæ нысан у патриотон хъомыладыл куыст æмæ Ирыстоны истори, традицитæ æмæ культурæ парахат кæнын. Амынд музей байгом уыдзæн ацы аз сæрды кæрон. Тагъд рæстæджы центры цалцæгадон куыстытæ кæронмæ конд æрцæудзысты, афтæмæй дзы ныридæгæн фæзынд фыццаг туристтæ, уыимæ Китайæ дæр. Культурон центры автор Цæллагты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, йæ сæйраг нысан у Ирыстоны национ этнокультурæ парахат кæнын. 

"Æндæр регионтæй мæм уазджытæ, æмкусджытæ æмæ æмбæлттæ куы вæййы, уæд фæхъуыды кæнын, истори базоныны охыл сын цы равдыстæуа, уый нæй, цы нæм ис, уый æрмæст ноггонд мæсгуытæ пластикæй конд рудзгуытимæ æмæ æнахуыр балкъонтимæ. Афтæмæй та мæ фæнды, цæмæй адæймаг банкъара незаманты ирон царды атмосферæ. Уымæ гæсгæ сфæнд кодтам ирон адæмы культурон исбонад æвдисæг комплекс саразын. Уыйадыл, форум "Машук-2017"-ы гранты руаджы нæ идейæ царды бынат ссардзæн. Фæнды нæ, цæмæй нæ иннæ мыггæгтæ дæр бафæзмой – республикæйы ахæм бынæттæ цас фылдæр уа, уыйбæрц хуыздæр. Ахæм хуызы бæстыхæйттæ нæм иуцалдæр куы уа, уæд Уæрæсейы туристон бынæттæ æмæ хæрзфиппаинæгты 'хсæн аккаг бынат бацахсдзыстæм æмæ конкуренци кæнынхъом уыдзыстæм. Центры арæзтады бирæ адæм архайы, уыимæ историктæ, этнографтæ, скульптортæ, нывгæнджытæ æмæ хореографтæ. Куыдфæндыйы хуызы йæ нæ кæнæм, фæлæ, куыд æмбæлы, афтæ", – бахахх кодта Цæллагты Зауыр.

Цæллагты мыггагон мæсыг Уыналы фондз æнусы размæ арæзт æрцыд. Таурæгъмæ гæсгæ, мыггаджы райдайæг Цæллаг йæ бинонтимæ Уæлладжыры комы ацы хайы æрцæрынвæнд скодта, сыхаг хъæуты цæрджыты домæнмæ гæсгæ, хъуамæ самадтаид хъахъхъæнæг мæсыг. Фондзуæладзыг агъуыст (йæ бæрзæнд – 15 метры) канд хъахъхъæнæг фукци не 'ххæст кодта, фæлæ уыди кувынаккаг – уыцы ран бæрæг кодтой бæрæгбæттæ æмæ куывтой Хуыцаумæ.

Хæрзфиппаинаг нæм йæ фыццагон хуызы не 'рхæццæ. 2010 азы Цæлладжы байзæддаг историон æрмæджыты, архивон гæххæттытæ æмæ къамты (1887 азы) бындурыл сног кодтой сæ мыггагон мæсыг. 
15-Й РЕГИОН