15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
19°
(Гроза)
56 %
9 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Космос. Ирон истори
12.04.2020
20:52
328
Космос. Ирон истори

59 азы размæ Юрий Гагарин сси фыццаг адæймаг, космосмæ фыццаг атахт чи сæххæст кодта. ССРЦ-ы Сæйраг Советы Президиумы уынаффæйæ ацы бон фидаргонд æрцыд зæрдылдарæн датæ – космонавтикæйы Бон. Ацы ахсджиаг бон сбæрæг кæнынæн УФ хицауад бацæттæ кодта мадзæлттæ. Абон нæ бæстæйы бирæ къуымты бæрæг кæнынц космонавтикæйы Бон. Ирæтты кой куы кæнæм, уæд фæбæрæг кæнын хъæуы зындгонд космосон конструктор, ССРЦ-ы Паддзахадон премийы лауреат, Лавочкины номыл НПО-ы сæйраг дæсны Къомайты Русланы ном.

Ацы æмбисонды дæсныйы руаджы орбитæмæ уагъд æрцыд цалдæр мин космосон аппараты. Йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд космосон къабазы историйы. Цæгат Ирыстоны адæм зæрдиагæй дис кæнынц сæ зындгонд æмбæстаджы куыстуарзондзинад æмæ разæнгарддзинадыл.

Къомайты Руслан райгуырд 1947 азы 20 июны Ногиры хъæуы. Сыгъзæрин майданимæ каст фæци Ногиры астæуккаг скъола, ахуырмæ бацыд ЦКХМИ-ы металлургон факультетмæ, фæлæ æртыккаг курсы раивта Мæскуыйы авиацион институты космосон тæхæн аппаратты проекттæ кæныны факультетмæ. Каст æй куы фæци, уæд 1974 азы бахауд С.А. Лавочкины номыл НПО-мæ, уым фæкуыста бирæ азты дæргъы. Йæ разамындæй æмбырдгонд æрцыдысты ахæм диссаджы аппараттæ, куыд универсалон комплекс «Фрегат», «Венера-7»-ы уадзæн аппарат, «Венера-13» бирæтоннон мæсыг. Æдæппæтæй Руслан Владимиры фырт бацæттæ кодта 500 космосон аппараты бæрц æмæ дарддæр кусы фыдыбæстæйон зонынады пайдайæн. Цалдæр азы размæ Къомайты Руслан бахаста хъæппæрис Дзæуджыхъæуы планетарий æмæ космонавтикæйы скъола саразыны тыххæй. Амынд цау республикæйы цæрджытæн тынг ахсджиаг у. Къухты бафтыд Руслан Владимиры фырты разæнгарддзинады æмæ Цæгат Ирыстоны разамынды æххуысы руаджы. Йæ фæнд сæххæст кæныны тыххæй Къомайты Руслан ныууагъта йæ куыст Мæскуыйы. Ирыстоны ацы хъуыддагæн стыр аргъ скодтой æмæ йын йæ ном скъолайæн саккаг кодтой.

Зæрдыл æрлæууын кæнæм, планетарий арæзт æрцыд XIX æнусы 70-æм азты арæзт агъуысты, арæзт цыд куыд шиитаг мæзджыт. Советон рæстæджы дзы планетарий скодтой, фæлæ 1992 азы æхгæд æрцыд. Уæдæй фæстæмæ культурæйы æмæ архитектурæйы цыртдзæвæн уыд æрдæгхæлд уавæры. Планетарий æмæ космонавтикæйы скъолайыл куыст æххæстгонд цыд дыууæ азы дæргъы, объекты историон æгъдауæй ахадгæ бынæттыл куыст æххæстгонд цыд къухæй. Объект сæрысуанг бахъахъхъæдта йæ историон хуыз, уыимæ йæ диссаджы агуыридурæй фыдæлтыккон амад. Агъуысты куполыл æрдæгсферæйы хуызы дыууæ проекторы æххуысæй алы рæстæджы æвдисдзысты стъалыджын арв 3D форматы æмæ космосон темæтыл ист хæрзхъæд кинонывтæ. Абон космонавтикæйы Къомайты Русланы номыл скъолайы ахуыр кæны 300 сывæллоны канд Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ Цæгат Кавказы æндæр регионтæй. Амынд скъолайы сывæллæтты цæттæ кæнынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм физикæйæ, математикæйæ. Сывæллæттæ ахуыр кæнынц хъазæн хуызы. Скъолайы арæзт æрцыд космосон науы макет Къомайты Русланы реалон схемæты бындурыл конд æцæг детальтимæ. Уыцы ран ма æвæрд æрцыд тренажер вестибулярон аппарат бæрæг кæнынæн, фидæны ядерон ифтонггарзы, стæй ма космосон наутæ «Аполлон» æмæ «Союз»-ы макеттæ. Планетарийы агъуысты ма æвæрд æрцæудзысты космосон аппаратты макеттæ. Уыдоны ‘хсæн – Мæйæ сыджыт чи схæццæ кодта, уыцы капсулæ æмæ фыццаг мæйы аппаратты æвæргæ ифтонггарз. Планетарийы кæрты Терчы донбыластæрдыл арæзт æрцыд фæлладуадзæн бæстыхай дыууæ телескопимæ минхаттон фылдæрхаттимæ. Уымæй уæлдай ма дзы æвæрд æрцыдысты Хуры системæ нывæфтыдгæнæг шартæ-планетæтæ, динамикон скульптурæтæ æмæ рæстæг аууоны амонæгæй нымайæг Хуры сахат.

Ныфс нæ ис, Къомайты Русланы æппæт фæндтæ æмæ пълæнттæ æввахс рæстæджы кæй сæххæст уыдзысты. Уыимæ, Руслан у йæ Фыдыбæстæйы иузæрдион патриот, æмæ йын ныридæгæн дæр тынг бирæ бантыст. Бирæтæн уый цалдæр цардвæндаджы дæргъы дæр нæ рауадаид. Дæ ныфс бирæ уæд, Руслан Владимиры фырт!

15-Й РЕГИОН