15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
18°
(Облачно)
55 %
3 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Мæздæджы хæлардзинады хæдзары цалдæр азы кусы интернационалон клуб “Сылгоймæгты æмбалад”
19.04.2012
11:33

Мæздæджы хæлардзинады хæдзары цалдæр азы кусы интернационалон клуб «Сылгоймæгты æмбалад». Йæ уæнгтæ бабæрæг кодтой сывæллæтты хæдзар.
Семæ «рбахастой талатæ, цæмæй сæ сабитимæ иумæ ныссадзой æмæ афтæмæй сæмбæлой уалдзæгыл. Ахæм уынаффæ сылгоймæгтæ хумæтæджы нæ рахастой. Ныртæккæ республикæйы цæуы акци «Ныссадз бæлас». Ахæм æгъдау Кавказы рагæй ныффидар. Бæлас у куыстæн йæ райдианы æнтыстджын нысан. Сывæллæттæ æууæндыдысты, бæлас куы ныссадзой, уæд сæ бæллиц кæй сæххæст уыдæн, ууыл. Сидзæрты хæдзары хъомылгæнинæгты се ппæты дæр фæнды бинонты узæлд банкъарын.ГТРК «Алания»