15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
17°
(Облачно)
55 %
1 м/с
$ — 93.2918 руб.
€ — 99.5609 руб.
Нæ республикæйы фæндзæм æмбырды депутаттæ раздæхтысты ивгъуыд азты фæлтæрддзинадмæ
06.03.2013
12:35

Нæ республикæйы фæндзæм æмбырды депутаттæ раздæхтысты ивгъуыд азты фæлтæрддзинадмæ. Амæй фæстæмæ закъонæвæрджытæн арæзт цæудзысты семинартæ.
Фыццаг æмбырд байгом кодта Спикер Алексей Мачнев. Куыд загъта, афтæмæй, семинарты фæрцы депутаттæ фылдæр зонындзинæдтæ исдзысты. Æмæ сын уый фадат дæтдзæн се `взарджыты æнцойдзинадыл кусынæн.

Паддзахадон-барадон управленийы хицау Хъæлыцты Инал бæлвырд радзырдта депутаты бартыл æмæ статусыл. Ныхас цыд, парламент цы акттæ сфидар кæны, уыдон царды æххæст кæныныл дæр. Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав та йе мкусджытæн радзырдта, депутатты бæрæггæнæн куыст куыд цæуы, уый тыххæй.ГТРК «Алания»