15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
10°
(Дождь)
93 %
1 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Налцыччы ацыд парти «Иугонд Уæрæсе”-йы Цæгат Кавказы регионты хсæн координацион советы æмбырд
15.11.2010
14:43

Амыдта йæ партийы генералон советы президиумы секретары хæстæ æххæстгæнæг Сергей Неверов. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы федералон зылды координацион советы разамонæг Адальби Шхагошев, Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Василий Толстопятов æмæ регионалон хайадты минæвæрттæ. Æрныхас кодтой октябры цы æвзæрстытæ ацыдис, уыдоны хатдзæгтыл æмæ иннæ азы æвзæрстытæм цæттæдзинадыл, стæй æмтгæй райсгæйæ партийы хайадты архайдыл. Цæгатирыстойнаг хайады куыстæн радтой хорз бæрæггæнæн, уæлдайдæр та Владимир Путины æхсæнадон исæнуаты архайдæн.Æмбырды фæстæ Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъæлы республикæйы регионалон хайæдты минæвæрттæн уыдис хицæн фембæлд. Æрдзырдтой дыууæ республикæйы хсæн ахастдзинæдтæ цæмæй æнгомдæр уой, уый тыххæй цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, ууыл. Ног азы агъоммæ фæнд кæнынц ирон æмæ мæхъæлон фæсивæды минæвæрттимæ саразын иумæйаг семинар.ахæм хъуыды Паддзахадон Думæйы депутат Василий Толстопятов хорзыл банымадта. Зæрдæ бавæрдта, ацы хъуыддаджы сын кæй баххуыс кæндзæн, уымæй.Токаты Людмилæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат-ирыстойнаг регионалон хайады политсоветы секретарь: «Æркастыстæм мах бирæ фарстатæм. Сæйраг фарстатæ уыдысты партийон проекттæ. Мах абон хъуамæ адæмы фарстатæн дзуæппытæ дæттæм. Æрдзырдтам ахæм проекттыл, куыд «Æнæниздзинад», стæй сывæллæттæн рæвдауæндæттæ, спортивон комплекстæ, ног фæндæгтæ арæзт куыд цæуой нæ горæтты «Иугонд Уæрæсе”-йы хъæппæрисæй. Уыдæттæй абон мах фарстой æмæ сын дзуæппытæ лæвæрдтам».ГТРК «Алания»