15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
11°
(Дождь)
100 %
3 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбегæн уыд фыццаг фембæлд журналисттимæ æмæ æвзарджытимæ
06.04.2012
17:34

Абон паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбегæн уыд фыццаг фембæлд журналисттимæ æмæ æвзарджытимæ.

Уæрæсейы паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ уыдысты цыппар мæйы размæ. Кæд бирæ рæстæг нæ рацыд, уæддæр Хæдарцаты Махарбеджы бафæндыд журналистты æххуысæй республикæйы цæрджыты йæ куысты бæрæггæнæнтимæ базонгæ кæнын. Пресс-конференцийы архайдтой Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ. Депутат сæ базогæ кодта Думæйы абоны уавæримæ. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ у финансон базарадон комитеты уæнг, фæлæ хæстгдæр рæстæг фæнд кæны йæ бынат ссарын амалхъомдзинады комитеты. Уæдæ нæ республикæйы УФ-йы Думæйы цыппарæй кæй сты, уый та уæлдай у дæтты.

Хæдарцаты Махарбег, УФ-йы падзахадон Думæйы депутат: «Цыппарæй стæм, æмæ кæрæдзийæн стæм ныфс. Амбырд вæййæм, ауынаффæ кæнæм, нæ республикæйæн цы хуыздæр саразын нæ бон у. Фæнды нæ нæ адæмы цард фенцондæр кæнын».

Журналисттимæ фембæлды фæстæ та Хæдарцаты Махарбег фæмбæлд йе взарджытимæ. 50 адæймагмæ ввахс æрбацыд æххуысагуыр депутатмæ. Махарбег æмæ парти «Иугонд Уæрæсейы» цæгатирыстойнаг хайады сæргълæууæг Токаты Людмилæ агуырдтой дзуæппытæ æмæ мадзæлттæ æрбацæуджытæн баххуыс кæнынæн. Реуазты Аслан Мызурæй æрцыд риссаг фарстаимæ. Уырны йæ, æнæ æххуысæй кæй нæ баззайдзæн, уый.

Реуазты Аслан, Мызуры цæрæг: «Ме фсымæр аварийы бахуд, æмæ йæ астæуыстæг асаст. Цыппар азы хуысгæ рынчын у. Ныртæккæ нын фадат ис Санкт-Петербурджы операци скæнынæн, фæлæ æхцайæ не «ххæсæм. Фæнды мæ, цæмæй нын Махарбег баххуыс кæна».
ГТРК "Алания"