15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
20°
(Облачно)
64 %
2 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Сæ санитарон домæнтæ æххæстгонд кæй нæ цæуынц, уымæй тынг тыхсынц Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы цæрджытæ
13.03.2013
09:12

Сæ санитарон домæнтæ æххæстгонд кæй нæ цæуынц, уымæй тынг тыхсынц Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы цæрджытæ. Бæстыхайы сæр тæдзы, бацæуæнтæ æдзæллаг уавæры, пъадвалтæ та донæй байдзаг сты. Фатерты цы æвзæр тæф фæзынд, уыимæ цæрджытæ тох кæнынц алы бон дæр. Сæхи хъарутæй сыгъдæг кæнынц канализаци. Разамынддæттæг компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзары цæрджытæ техникон лæггæдтæн нæ фидынц, æмæ уый тыххæй сæвзæрд ахæм уавæр.

Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы 40-æм хæдзары цæрджытæ алы бон дæр сыгъдæг кæнынц сæ канализаци. Æндæр гæнæн сын нæй. Пъадвалæй сæм æвзæр тæф кæй кæлы, уый тыххæй сæ бон нæу сæ рудзгуытæ бакæнын. Фæлæ æрмæст уый нæ. Хæдзары æххæстгонд нæ цæуынц санитарон домæнтæ дæр. Фыр уымæлæй æмæ хъуынайæ фатертæм бацæуæн нæй. Декабры сæм къогъотæ сбирæ вæййынц — уый иу, иннæмæй та ма сæм уаллæттæ дæр фæзынд. Уæвгæ, ацы хæдзар бындуронæй цалцæггонд нæ цыд 30 азы бæрц. Бæстыхайы сæр æппынæдзух тæдзы, бацæуæнты къултæ калд, пъадвал донæй дзаг. Цæрджытæн сæхи хъарутæй сæ бон тох кæнын нал у. Алыхуызон бæрнон куыстуæттæм сæ хъаст бахастой цалдæр хатты. Фæлæ фарста лыггонд нæ цæуы.

Джыгкайты Ирбег: «Куы бахизай пъадвалмæ, уæд дзы дон астæумæ ис. Æмæ фæнды дзурæм, фæнды нæ. Ничи нæм хъусы. Æрмæстдæр афтæ фæкæнынц, æхца бафидут, зæгъгæ. Æмæ мын ныры онг куы ницы скодтай, уæд дын хъуамæ цæй тыххæй бафидон? Ацы компанийы та иу хицау иннæйы ивы æмæ цы фыстам, уыцы æхца цы фæвæййынц, уымæй сæ ничи фæрсы. Ныр та кæмæн æмæ цæй тыххæй бафидон?»

Сæ фарста алыг кæнынæн, фыццаджыдæр хъæуы пъадвалæй дон сцъирын. Уый фæстæ та дзы, цы бырæттæ баззайа, уыдон раласын.

Джыгкайты Ирбег: «Мæнæ йер уыцы хъуыдымæ æрцыдыстæм æмæ цы хца æртымбыл кодтам, уыдонæй нæхæдæг архайдзыстæм. Ацы компани та. Йер ма кæсут, знон æй куы фехъуыстой абон нæм телевидени æрцæудзæн, уæд тагъд-тагъд æрбаластой ацы насос. Æмæ дæлæ дон тыххæй цъиры. Уæхæдæг дæр æй уынут. Æмæ æрмæст пъадвал нæу. Нæ цартæ дæр хуыздæр уавæры не сты».

Разамынддæттæг компанийы куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзары цæрджытæ техникон лæггæдтæн нæ фидынц, æмæ уый тыххæй сæвзæрд ахæм уавæр.

Хуыгаты Олег, разамындæттæг компани «Жилкомстрой» — йы участочы мастер: «Мæйы мгъуыдмæ ацы хæдзары фарстатæ иууылдæр алыг кæндзыстæм. Ивинаг дзы цы ис, уыдон баивдзыстæм, сцалцæг кæндзыстæм, цы кæнын хъæуы, уыдон. Цæмæй ацы хæдзары фарстатæм мауал раздæхæм, уый тыххæй».

Хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, цæмæн фидой, уый сын нæй. Уымæн æмæ сын афæдзы `рдæгмæ разамынддæттæг компани æрмæстдæр сæ пъадвалы донцъирæн сæвæрдта, æндæр ницы. Уый нæ хынцгæйæ сын сæ фарста кæронмæ алыг кæнынæй зæрдæ æвæрынц мæйы мгъуыдмæГТРК «Алания»