15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
18°
(Облачно)
63 %
1 м/с
$ — 92.5058 руб.
€ — 98.9118 руб.
“Стыр Ныхас”-ы хъæппæрисæй æрæмбырд сты Бæдтиаты мыггаджы минæвæрттæ
04.03.2011
13:21

Уæвгæ, ирон адæмы уæлдæр Совет ацы хъуыды сæххæст кæныныл рагæй кусы. Ахæм мадзал фæнд кæны саразын алы мыггагæн дæр. Бæдтиаты мыггаг æрдзырдтой бирæ ахсджиаг фарстатыл. Сæ размæ цы хæстæ æвæрынц, уыдонæй ахсджиагдæртæ сты хистæртæн кад кæнын æмæ фæсивæды хъомыладыл кусын. Скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азæн дæр.
Фарон цы куыст бакодтой, уыдоны хсæн сты фæсивæды æфсадмæ æрвитыны мадзæлттæ, карз нозтыл чи фæцахуыр, уыцы адæмимæ куыст, сидзæр æмæ рынчын сывæллæттæн æххуыс æмæ æндæр фарстатæ. Ацы куыст кæндзысты фидæны дæр. Ног азы ма фæнд кæнынц куывд скæнын æмæ дзы сфидар кæнын мыггаджы герб.
ГТРК «Алания»