15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
21°
(Облачно)
58 %
4 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Сывæллæтты эстетикон хъомылады центры хъæппæрисæй арæзт æрцыд конкурс “Къостайы фæдонтæ”
15.10.2010
14:53

Райдыдта 8-æм октябры, знон та йын скодтой хатдзæгтæ. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы æппæт скъолатæ. Конкурс цæуы 5-æм аз. Алы хатт дæр ын вæййы бæлвырд темæ. Ныр та баст уыдис Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстадимæ.
Сывæллæттæ йын бацæттæ кодтой йе мдзæвгæтæ, æвдыстой инсценировкæтæ, скодтой йын иллюстрацитæ йæ уацмыстæм, ныффыстой нывæцæнтæ. Жюри сбæрæг кодта хуыздæрты. Уыдон хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрдтæй.
Конкурсы сæйраг нысан уыд æрыгон фæлтæры хсæн парахатдæр кæнын ирон æвзаг.ГТРК «Алания»