15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
14°
(Облачно)
41 %
5 м/с
$ — 92.366 руб.
€ — 99.5299 руб.
Уыд композитор Кокайты Барисы сфæлдыстадон изæр
03.03.2011
14:57

Республикæйы нывгæнджыты цæдисы уæнг, компазитор Кокайты Барисæн знон Беслæныхъæуы культурæйы галуаны уыд сфæлдыстадон изæр. Концерт ам хуымæтæджы нæ ацыд, бирæ азты размæ зындгонд мызыканты уацмыстæ фыццаг фехъуыстой Беслæны. Уымæ гæсгæ йæ, бафæндыд йæ сфæлдыстадæй Беслæныхъæуккæгты зæрдæтæ барухс кæнын. Культурæйы артдзæсты адæмæй къухбакæнæн нæ уыд. Изæры архайдтой республикæйы аивады зындгонд кусджытæ, Кокайты Барисы хæлæрттæ. Музыканты уацмыстæй бирæтæ аивадуарзджыты размæ рахастой абон бæстæйы сæйраг сахары чи цæры, нæ ахæм æмзæххонтæ. Барис у 6 сæдæ уацмысæй фылдæры автор. Ис æм Хетæгкаты Къостайы ныхæстыл фыст музыкæ дæр.
Сфæлдыстадон изæр баст уыд сылгоймæгты æппæтдунеон бонимæ. Уымæй сын скодта бæрæгбоны лæвар.ГТРК «Алания»