15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
12°
(Облачно)
82 %
3 м/с
$ — 97.0121 руб.
€ — 105.6757 руб.
Во Владикавказе восстановят разрушенную оборонительную стену
Дзæуджыхъæуы сног кæндзысты хæлд хъахъхъæнынадон къул
01.10.2019
17:56
русский / иронау
1 501

В социальных сетях распространилась информация о разрушающейся части стены на пересечении улиц Яшина и Титова, которая была возведена в середине 19-го века для защиты Владикавказа от набегов имама Шамиля и является объектом федерального значения.

В ходе программы Открытое правительство председатель Комитета по охране и использованию объектов культурного наследия республики Эмилия Агаева пояснила, что объект будет восстановлен собственниками земельного участка, на котором расположена стена.

“Дело в том, что территория, которая находилась за этой стеной длительное время, принадлежала частному владельцу. Там были установлены навесы по которым стекала вся вода после дождя и снега, это негативно отразилось на состоянии стены. Комитетом выдвигались охранные обязательства, согласно которым эти навесы должны были демонтировать. Однако собственник продал участок. С новыми владельцами мы встречались, они сообщили, что возьмутся восстановить разрушенный угол”, – отметила Агаева.

Социалон иугæндты парахатгонд æрцыд къулы хæлд хаимæ баст информаци Яшины æмæ Титовы уынгты фембæлæны, амынд къул арæзт æрцыд 19-æм æнусы астæу Дзæуджыхъæу бахъахъхъæныны тыххæй имам Шамилы балæбурдтытæй æмæ у федералон нысанимæ объект. Программæ Гом хицауады рæстæджы республикæйы культурон исбоны объекттæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны Комитеты сæрдар Æгайты Эмилия куыд бамбарын кодта, афтæмæй объект сног кæндзысты, къул кæм ис, уыцы зæххы хайы хицæуттæ.

«Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ фæскъул бæстыхай бирæ азты дæргъы иу хицауы къухы уыд. Æвæрд дзы æрцыд мæнгагъуыстытæ, уыцы мæнгагъуыстытыл уарыны æмæ миты фæстæ дон фæкалд æмæ къул æнæзæрдæмæдзæугæ уавæрмæ æркодта. Комитет раразмæ кодта хъахъхъæнынадон хæсæвæрдтæ ацы мæнгагъуыстытæ фехалыны тыххёй. Фæлæ уыцы хицау зæххы хай ауæй кодта. Ног хицæуттимæ фембæлдыстæм, æмæ нын уыдон загътой, хæлд фисын кæй сног кæндзысты», – фæбæрæг кодта Æгайты Эмилия.

Екатерина 15-Елканова