15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
19°
(Гроза)
56 %
9 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Зынгсирвæзтыты фылдæр аххосджын вæййы адæм сæхæдæг
15.11.2010
15:04

Ноябры хус æмæ хъарм рæстæг кæй хæссы, уый тæссаг у зынгсирвæзтытæй. Хъæды хæдзарады кусджытæн та у ахсджиаг рæстæг. Æрвылбон æмбæлынц адæмимæ, цæст дарынц сæ бæрны цы зæххытæ ис, уыдонмæ. Сусæггаг нæу, зынгсирвæзтыты фылдæр аххосджын вæййы адæм сæхæдæг: домæнтæ не ххæст кæнынц, быдырты æмæ цæхæрадæтты ныууадзынц хус кæрдæг æмæ зайæгойтæ, арт скæнынц хихджын бæлæсты цур æмæ сыфджын бæлæсты бын, бырон æмæ хус кæрдæг кæм ис ахæм рæтты.
Республикæйы хъæды комитет уæлдай цæстдард дары Куыртаты, Дыгуры æмæ Уæлладжыры кæмттæм. Бирæ бæлæсты хсæн арт куы схæца æмæ хæхтыл куы апарахат уа, уæдйæ ахуыссын кæнын у тынг зын. Вæййы афтæ дæр æмæ къухы нæ бафты. Уый та уымæн, æмæ сæрмагонд техникæ æмæ артхуыссынгæнæн фæрæзтæ хæхтæм ласын фадат нæй. Машинæтæн та дзы фезмæлæн дæр нæ вæййы. Æмæ уæд йæ хос æрмæстдæр иу вæййы – тыхджын къæвда.
Ныртæккæ кæд фæззæг у, уæддæр хъарм бонты æрдзы хъæбысмæ бирæ адæм цæуы. Хъыгагæн, сеппæт сæхи куыд æмбæлы афтæ нæ дарынц. Нæ хъахъхъæнынц æрдз, сæ фæстæ ныууадзынц зынг.ГТРК «Алания»