15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
12°
(Ясно)
76 %
1 м/с
Кучиты Руслан раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн Ног Азы фæдыл
31.12.2020
19:05
745

Мæ зынаргъ Ирыстоны адæм!

Æрбахæццæ та нæм кæны Ног Аз. Ацы бæрæгбоны къæсæрыл алы бинонтæ, алы адæймаг дæр фæбæлынц цыдæр хорздзинæдтæм, æмæ дзæбæхæй уæ къухы бафтæнт.

Ивгъуыд аз нын æнцон æмæ æдыхст нæ рауадис. Æгас бæстæйыл апарахат рын, æмæ бирæты йæ азарæй басыгъта. Уымæ гæсгæ нæ царды уавæртæ дæр зынгæ фæивтой, фæкъуындæгдæр сты. Не стыр бæлиц у, цæмæй 2021 азы фæтых уæм уыцы тæссаг низыл æмæ раздæрау цæрæм дзæбæхæй, райдзастæй, æдасæй. Цæмæй цыфæнды уавæрты дæр зонæм, иу туг, иу стæг кæй стæм æмæ нæ кæрæдзимæ æнгом лæууын кæй хъæуы.

Нæ хистæртæн мæ зæрдæ зæгъы, æнæниз куыд уой, æмæ сæм фаг хъару куыд уа, сæ кæстæртæн раст зонд, раст æгъдау амонынæн.

Кæстæртæ, сымах бар уыдзæн райсом нæ адæмы хъысмæт. Цы ныфс, цы хъару æмæ зондимæ бахизат уыцы фидæнмæ, уымæй аразгæ у нæ фæндаджы дæргъ æмæ уæрх. Мæ зæрдæ уын зæгъы цæмæй йыл æнтыстджынæй, сæрыстырæй æмæ кадджынæй цæуат кæддæриддæр. Уастырджийы уазæг ут!

Ног Азы хорзæх уæд уе’ппæты дæр! Амондджын аз уын æй Хуыцау фæкæнæд!

 

Кучиты Руслан, Иры Стыр Ныхасы сæрдар