15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
15°
(Дождь)
77 %
5 м/с
$ — 96.0686 руб.
€ — 105.1095 руб.
Артемий Лебедев разработал туристический бренд Осетии
Артемий Лебедев бацæттæ кодта Ирыстоны туристон бренд
04.02.2019
14:26
русский / иронау
2 616

В понедельник известный российский дизайнер Артемий Лебедев представил новый большой проект, созданный его командой – разработку туристического бренда Осетии. Заказчиком проекта выступил комитет по туризму Северной Осетии.

«В Осетии приятно и интересно отдыхать. Моря в регионе нет, зато есть совершенно невероятная природа: горы и скалы, реки и водопады, леса и ущелья. А еще старинные крепости и монастыри, древние замки и вкуснейшие пироги!» – отмечается в тексте презентации.

Веб-дизайнеры разработали единую айдентику для Северной и Южной Осетии – изображение семи гор будто растворяющихся в утренней дымке.

В фирменном паттерне присутствует окрас кавказского барса, цвета при этом выбраны яркими и «веселыми». Шрифт, по словам авторов, «весьма осетинский и очень душевный».

Стоит отметить, среди клиентов «Студии Артемия Лебедева» всемирно известные компании и личности. В частности, всем известная  поисковая система Яндекс и новая современная карта московского метро выполнены веб-дизайнерами студии.

Къуырисæры зындгонд уæрæсейаг дизайнер Артемий Лебедев йæ командæимæ бацæттæ кодта ног егъау проект – Ирыстоны туристон брендыл куыст. Проекты заказгæнæг у Цæгат Ирыстоны туризмы комитет.

«Ирыстоны фæлладуадзæн æхсызгон æмæ цымыдисаг у. Регионы денджыз нæй, фæлæ дзы ис алæмæты æрдз: хæхтæ æмæ къæдзæхтæ, цæугæдæттæ æмæ æхсæрдзæнтæ, хъæдтæ æмæ кæмттæ. Стæй ма фыдæлты фидæрттæ æмæ моладзандонтæ, рагон галуантæ æмæ хæрзад чъиритæ!» – бæрæггонд цæуы презентацийы тексты.

Веб-дизайнертæ бацæттæ кодтой иумæйаг айдентикæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæн – уым нывæфтыд цæуы, авд хохы райсомы фæлмы куыд ныгъуылынц, уый.

Фирмæйон паттерны зыны кавказаг фыранчы хуыз дæр, уыимæ æвзæрст æрцыдысты ирд æмæ «хъæлдзæг» хуызтæ. Авторты ныхæстæм гæсгæ, шрифт «æцæг ирон æмæ тынг зæрдæмæдзæугæ у».

Фæбæрæг кæнын хъæуы, «Артемий Лебедевы студи»-йы клиентты ‘хсæн ис æппæт дунейы зындгонд компанитæ æмæ удгоймæгтæ. Цæвиттон, алкæмæн зындгонд агуырды системæ Яндекс æмæ мæскуыйаг метройы ног нырыккон картæ сарæзтой амынд студийы веб-дизайнертæ.

Фатима 15-Бигулова