Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав раарфæ кодта турчы ирæттæн бæрæгбоны фæдыл.
«Фарн уæм бадзурæт æмæ арфæгонд ут, нæ зынаргъ турчы цæрæг ирон адæм. Абон сымахæй бирæтæ бæрæг кæнынц пысылмон ком дарæны кæрон – Ураза Байрам. Æмæ уын уый фæдыл кæнын зæрдиаг арфæ. Ноджыма мæн фæнды зæгъын стыр бузныг уа фыдæлты фарн рæсугъдæй кæй хæcсут, уæ мадæлон æвзаг кæй нæ сафут, æмæ Ирыстонимæ, уæ фыдæлты зæххимæ бастдзинæдтæ фидарæй фидардæр кæй кæнут. Зæгъæм æрæджы COVID-19 Ирыстонмæ куы æрхæццæ, æмæ нæ дохтыртæ сæ хæдзæрттæ, сæ бинонты куы ныуагътой, уæд цæм паддзахадæй уæлдай, æххуыс канын райдыдтой адæм дæр, уыдонимæ нæ турчы цæрæг хотæ æмæ æфсымæртæ. Уый у тынг арфæйаг хъуыддаг. Æппæт Ирыстоны адæмы номæй уын зæгъын стыр бузныг. Уæлдай арфæйы ныхæстæ Хъуысаты Садредтинæн æмæ Хъаныхъуаты Серифæн. Уыцы хорздзинад махæй никуы фауыдзан рох. Уæ цæрæнбон бирæ уæт, æнæниз ут, æмæ цардæй бафсæдут», – загъта Битарты Вячеслав.