15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
10°
(Облачно)
93 %
2 м/с
$ — 93.4409 руб.
€ — 99.5797 руб.
Йæ райгуырæн бон бæрæг кæны Гæздæнты Булат
22.06.2022
09:00
943
Йæ райгуырæн бон бæрæг кæны Гæздæнты Булат

Абон йæ райгуырæн бон бæрæг кæны Уæрæсейы адæмон артист, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны фæллойы хъайтар, фæндырдзæгъдæг, композитор, дирижер æмæ педагог Гæздæнты Булат. Сæххæст ыл 86 азы.

Уый бирæ азты дæргъы хидвæллойæ лæггад кæны ирон музыкалон аивадæн, стыр æвæрæн бахаста национ культурæйы райрæзтмæ, аивадуарзджыты базонгæ кодта рохуаты чи аззад, ахæм рагон ирон цæгъдтытимæ.

Булатыл æртæ азы куы цыд, уæд фыццаг хатт йæ къухтæм райста фæндыр, фондзаздзыдæй та-иу æй йæ хъæуккæгтæ семæ кодтой чындзхæссæг æмæ-иу цагъта хъазты. Уæдæй фæстæмæ Булат фæндырыл йæ зæрдæ не сивта. Йæхæдæг куыд фæдзуры, афтæмæй æндæр уадынгæрзтыл цæгъдын дæр зоны, фæлæ йын ирон фæндырæй зынаргъдæр æмæ адджындæр нæй.

Булат 40 азæй фылдæр разамынд дæтты Национ уадынгæрзты оркестрæн, у йæ сæйраг дирижер. Хорз зоны æмæ æмбырд кæны ирон адæмон музыкалон фольклор, ирон фæндырæн ныффыста нотæтæ, бацæттæ кодта цалдæр ахуыргæнæн чиныджы.

Булат йæ зæрдæмæхъаргæ фæндырдзагъдæй цыма фæндыры уд бацæуын кæны, афтæ фæкæсы адæймагмæ, уый тыххæй аивадуарзджытæн уæлдай уарзон у.

Хуытыгаты Тамарæ; фото: из открытых источников