15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
10°
(Облачно)
87 %
2 м/с
$ — 92.5058 руб.
€ — 98.9118 руб.
Æнæфæуд матч: Вениамин Мандрыкин
10.11.2020
14:27
1 916
Æнæфæуд матч: Вениамин Мандрыкин

Дуаргæс Вениамин Мандрыкины командæйы фарсхæцджытæ зыдтой дæсныты командæйы дебюты размæ. Ирыстоны сæйраг командæйы хъазт йæ тæмæны куы бацыд, уыцы азты йын лæггад кодтой «спартакы скъолайы» фæсивæд. Уыдоны ‘хсæн-иу арæх уыд Веня дæр, афтæ йæ хонынц иууылдæр.

Уый йе ‘мгæрттæй хицæн кодта канд йæ бæрзæндæй нæ, фæлæ йæ удыхъæдæй, афтæмæй уыцы рæстæджы ирон футболы хъомылгæнинæгтæн уыд фæндаг Европæйы сæйрагдæр клубтæм. Уый стыр ныхас нæу. Уымæн ис æвдисæндартæ. Цæвиттон, 1981 азты гуырд хъазджытæй арæзт клуб «Форвард» (амынд клубы дуаргæс уыд Мандрыкин) уæлахиз кодта дунейы коллективтыл. Хъазджытæй кæйдæрты хæрз æрыгонæй æлхæдтой грандтæ. Цæвиттон, Зæнджиаты Рафаэлы рахызт «Андерлехт»-мæ. Мандрыкинмæ йæ хъус дардта «Бордо». Фæлæ уый баззад Ирыстоны. Фыццаг хатт йæ кой айхъуыст 90-æм азты «Алани»-йы, бæрæг уыд, йæ размæ цы диссаджы фæлтæр уыд, уымæн аккаг фæдон кæй у. Фæлæ хуыздæр кадртæ фæсчемпионон æмгъуыды Дзæуджыхъæуы бон уромын нал уыд. Уымæ гæсгæ Веня ацыд Мæскуымæ стыр уæлахизтæм. Хæрз æвзонгæй уыйбæрц трофейтæ рамбылдта, æмæ алы зынгæ футболистæн уыйбæрц нæ бантысы. ЦСКА-йы йæ командæимæ æртæ хатты рамбылдта чемпионат, цыппар хатты – нæ бæстæйы кубок æмæ сæйрагдæр – УЕФА-йы Кубок. Æцæг, фæстæдæр сафын райдыдта йæ бынат сæйраг сконды. Уымæ гæсгæ Веняйы хаццоны дæттын райдыдтой. Уыдонæй иуы ахицæн йæ карьерæ – æнтыстджын, фæлæ æнæфæуд.

10 азы размæ Брянскы, йæ хæдтулгæйыл цæугæйæ, ГИБДД-йы кусджытæй 200 км/с тагъдады уайгæйæ, ирон футболы курдиатджындæр хъомылгæнинæгтæй иу бæласыл сæмбæлд. Уый райста уæззау цæфтæ, йæ астæуыстæгыл ын операци скодтой, бирæ рæстæджы дæргъы уыд реанимацийы. Уæдæй фæстæмæ Мандрыкин змæлынхъом нал у. Уыцы фыдбылызы фæстæ йæ цард зынгæ фæивта.

Фæстаг дæс азы йæ арæх æрхъуыды кæнынц: фыстой æрмæджытæ, истой кинонывтæ, арæзтой футболон турнир кæцыйы архайдтой куыд хуымæтæг футболуарзджытæ, афтæ номдзыд хъазджытæ – Вениаминимæ чи ахъазыд, ахæмтæ.

Хъыгагæн Вениаминæн цард æрцæттæ кодта ахæм адзал. Йæ карæнты ‘хсæн уыдис сæ тæккæ хуыздæртæй иу, фæлæ йæ футболон цард уыдис тынг цыбыр. Уый ма æнæмæнгæй йæхи равдыстаит æмæ бирæ цыдæртæ рамбылдтаит, фæлæ … адзалæн мадзал нæй…

15-Й РЕГИОН