15-й Регион. Информационный портал РСО-Алания
Сейчас во Владикавказе
-0°
(Ясно)
86 %
3 м/с
$ — 92.2628 руб.
€ — 99.7057 руб.
Æмбисонды спортивон скъола «Æвзонгад»-ыл сæххæст 45 азы
11.03.2021
14:15
1 880
Æмбисонды спортивон скъола «Æвзонгад»-ыл сæххæст 45 азы

Дзæуджыхъæуы спортивон скъола «Æвзонгад»-ы истори ахæм хъæздыг у, æмæ йын йе ‘нтыстытыл дзургæйæ тынг зын у ранымайын, уагдоны рæзтмæ æвæрæн чи бахаста, æппæт уыцы адæмы. Тынг бирæ сты. Дæсгай азты дæргъы дæсныты алы фæлтæртæ хъомыл кодтой фыдыбæстæйы футболы фидæны стъалыты, фæлæ æппæты сæйрагдæр – æххæст кодтой алы æхсæнады æппæты ахсджиагдæр нысан: сывæллæттæн уарзын кодтой æнæниз цардыуаг, сæ зæрдæты сын гуырын кодтой патриотизмы æнкъарæн.

Уыимæ æнæмæнг зæгъын хъæуы иу адæймаджы тыххæй. Уый у Нодар Папелишвили. Зæгъæн ис, æмæ 45 азы размæ «Æвзонгад» уый хъæппæрисæй сæвзæрд. Скъолайы фыццаг разамонæг дæр уый уыд. Сывæллæтты спорты архайынмæ разæнгард кæнынæн хуыздæр рекламæ нæ хъуыд – ног спортивон уагдоны директоры бынатмæ нысангонд æрцыд æмбисонды адæймаг, Орджоникидзейы «Спартак»-ы историйы хуыздæр бамбардир. Нодар Захары фырт «Æвзонгад»-ы сæргъы лæууыд 34 азы дæргъы. Ацы æмгъуыдмæ ирон футбол алыхуызон уавæрты уыд. Уыд æнтыстытæ æмæ æнæнтыст рæстæджытæ. Фæлæ уый сывæллæтты-æвзонгады къабазы хъуыддæгтыл никуы фæзынд. «Æвзонгад»-ы фæзтæ æмæ залтæ афтид никуы уыдысты. Ирыстоны адæмæн уый сæ дыккаг хæдзар уыд. Кæмæндæр скъола фæндаг радта стыр футболмæ, кæмæндæр йæ зæрдæйы ныууагъта æхсызгон мысинæгтæ, фæлæ се ‘ппæтæн дæр амыдта намыс æмæ сæрыстырдзинады принциптæ.

Ныртæккæ Нодар Папелишвилийы номыл спортивон скъола «Æвзонгад»-ы сæргъы лæууы Гæджиты Инал – хъуыддаджы лæг, æцæг профессионал, ирон спорты рæзты фæрстытæм куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы. Скъолайы хъомылгæнинæгты абоны фæлтæр зæрдиагæй хынцы уагдоны традицитæ, йæ æмбисонды тренерты сконды руаджы та уагдон æнæсцухæй цæттæ кæны бæрзонд æмвæзады футболисттæ.

«Æвзонгад»-ы 45 азы номыл уагдоны разамынд бацæттæ кодта юбилейон турнир. Хъæзтытæ дыууæ боны дæргъы цыдысты скъолайы фæзты. Ерысты архайдтой коллективтæ Махачкалайæ, Налцыккæй, Цхинвалæй, стæй ма сывæллæтты спортивон скъола «Спартак-Алани» æмæ «Барс»-ы командæтæ. Фæуæлахиз сты «Æвзонгад»-ы хъазджытæ.

Турниры уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой Цæгат Ирыстоны парламенты депутат «Иумæйаг Уæрæсе»-йы фракцийæ Ортабайты Тимур, футболон клуб «Алания Владикавказ»-ы уынаффæгæнæг Гогниты Спартак, республикæйы сæйраг командæйы хъазджытæ.

Фæбæрæг кæнын хъæуы, ерыстæн финансон æххуыс бакодтой спортскъола «Æвзонгад»-ы уый размæйы хъомылгæнинæгтæ, уыдон ныртæккæ хъазынц Уæрæсейы алы клубты, стæй ма ГКПД «Бавари»-йы. Спонсорты æххуысæй уагдон райста хъазæн формæйы комплекттæ æмæ пуртитæ.

Уымæй уæлдай, æхцайы премитæ саккаг кодтой «Æвзонгад»-ы тренерты сконды уæнгтæн æмæ уагдоны ветерантæн.

Хъоцыты Альбинæ